Кæй территорийыл ис пост? Хуссар Иры парламенты спикер Синагурмæ балцы тыххæй

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламенты спикер Синагурмæ балцы тыххæй
Хуссар Иры парламенты спикер Синагурмæ балцы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты депутаттæ ацыдысты Синагурмæ, цæмæй рафæлгъауой, кæй территорийыл уагъд цæуынц куыстытæ æмæ гуырдзиаг фарс халы республикæйы паддзахадон арæн, æви нæ

ЦХИНВАЛ, 5 сен – Sputnik. Пост, кæцы гуырдзиаг фарс аразы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Синагуры хъæуы цур, ис Гуырдзыстоны территорийыл. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта парламенты спикер Тадтаты Алан. 

Парламенты депутаттæ ацыдысты Синагурмæ, цæмæй рафæлгъауой, куыд картæты, афтæ GPS æххуысæй дæр, кæй территорийыл уагъд цæуынц куыстытæ æмæ гуырдзиаг фарс халы республикæйы паддзахадон арæн, æви нæ.

"Ацы бынаты гуырдзиаг фарс нæ рахызт республикæйы арæнæй, нæ арæнхъахъхъæнджытæ лæууынц растдæр нæ арæны цур æмæ хъахъхъæнынц ком", - загъта спикер.

Уый ма бахахх кодта, арæны алкæцы фехæлд дæр æфхæрд кæй цæуы карзæй законмæ гæсгæ.

"Мах мæты æппары, пост арæзт кæй цæуы Хуссар Ирыстоны арæнмæ хæстæг. Ацы фарст æрывæрдзыстæм парламенты, цæмæй хъуыддаг ма ахиза уавæры дарддæры эскалацимæ", - загъта спикер.

Синагур - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстон аразы ноджы иу пост Хуссар Иры арӕныл зӕххы бын ацӕугӕ хъӕуы бынаты

Парламенты вице-спикер Плиты Александр дæр банысан кодта, парламент карзæй кæй æркæсдзен ацы фарстмæ.

"Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæй æруадзæн, цæмæй арæнмæ афтæ æввахс Гуырдзыстон аразæ йæ плокпосттæ. Мах æрдзурдзыстæм ИӔАМ нæ минæвæрттимæ, цæмæй лæмбынæг бакусой ацы фарстыл", - бахахх кодта уый.

Районы сæргълæууæг Джиоты Андрейы ныхæстæм гæсгæ, посты аразыны бынатмæ рæстæгæй рæстæгмæ æрбакæнынц техникæ, ласынц æм блоктæ, æрæджы та скъахтой траншейтæ.

"Абон райсомæ та дыууæ пикапыл æрбацыдысты се 'фсæддонтæ, къахæй æрбацыдысты паддзахадон арæны тæккæ цурмæ æмæ райдыдтой къамтæ исын", - бафтыдта уый.

Полицæйаг блокпосты арæзтады тыххæй парламентарийтæм информаци æрбацыд æртыццæджы, рабадты рæстæджы. Депутаттæ æвæстиатæй ацыдысты Синагурмæ, цæмæй бынаты феной уавæр.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты арӕнгӕрон службӕйы пост - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стратегион бӕрзӕнд. Хуссар Иры ПӔК бамбарын кодта Гуырдзыйы посты сӕрмӕ бӕрзӕнд бацахсыны нысаниуӕг

Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хсæн арæныл æндыгъд уавæр сæвзæрд къуырийӕ фылдӕры размӕ - республикӕйы Знауыры районы Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы районы бынӕттон цӕрджыты хӕдзӕртты цур гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ бавнӕлдтой блокпосты арӕзтадмӕ. Хуссар Ирыстоны ФХМ банысан кодта, ацы уавӕр кӕй хӕссы тӕссагдзинад Хуссар Ирыстоны адӕмӕн.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы сты, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уавӕры фӕдыл ногӕй ӕрдзырдтой ИӔАМ техникон фембӕлдыл майрӕмбоны. Республикӕйы генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг гуырдзиаг гарзджын тыхты ӕнӕзаконон ахизыны фӕдыл арӕны уылты.

Ног хабӕртты лентӕ
0