Хуссар Иры ӕрдзырдтой националон гварди саразыныл

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры ӕрдзырдтой националон гварди саразыныл
Хуссар Иры ӕрдзырдтой националон гварди саразыныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног тыхон структурӕ саразыны фӕдыл ӕрдзырдтой депутаттӕ сӕрдыгон улӕфты фӕстӕ фыццаг сессийыл

ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕрдзырдтой республикӕйы националон гварди саразыныл. Сӕрдыгон улӕфты фӕстӕ фыццаг сессийыл депутаттӕ ныхас кодтой паддзахадон арӕны уавӕрыл Гуырдзыстоны провокациты фӕстӕ Цънелис ӕмӕ Синагуры хъӕуы.

"Рӕстӕгыл хъӕуы ӕрдзурын националон гварди саразыныл – уыдон уыдзысты тыхтӕ, кӕцытӕ нын ӕххуыс кӕндзысты архайын ахӕм цауты рӕстӕджы. Уырны мӕ, нӕ партнертӕ ӕмӕ цӕдисонтӕ нын кӕй баххуыс кӕндзысты ацы хъуыддаджы", - загъта депутат парти "Ныхас"-ӕй Санахъоты Давид.

Спикер Тадтаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, амӕй размӕ йӕм кӕй бадзырдта ӕмбӕстӕгты къорд, кӕцытӕ загътой, цӕттӕ кӕй сты сӕ фыдыбӕстӕ бахъахъхъӕнын куы бахъӕуа, уӕд.

Хуссар Иры парламенты спикер Синагурмæ балцы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кæй территорийыл ис пост? Хуссар Иры парламенты спикер Синагурмæ балцы тыххæй

"Уыцы адӕм хъахъхъӕдтой республикӕ 90-ӕм ӕзты, 2004 ӕмӕ 2008 азы. Абон уыдон никуы службӕ кӕнынц, фӕлӕ загътой, кӕй сараздзысты номхыгъд дыууӕ сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕрӕй, кӕцытӕ цӕттӕ уыдзысты хъахъхъӕнын сӕ фыдыбӕстӕ тӕссаг уавӕры рӕстӕджы", - загъта парламенты спикер.

Депутат Дьяконты Амиран дӕр хорзыл банымадта ацы хъӕппӕрис ӕмӕ банысан кодта, ахӕм ӕфсӕддон хайад кӕй у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг республикӕйӕн.

"Цӕвиттонӕн, абон Цънелисы хъӕуы службӕ кӕнынц алыгъуызон тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ. Законмӕ гӕсгӕ ахӕм цауты рӕстӕджы нӕй гӕнӕн пайда кӕнын ӕфсадӕй, уый фӕдыл нӕ хъӕуы саразын националон гварди", - загъта депутат.

Депутаттӕ нӕ рахастой дырыс фӕстиуджытӕ ацы фарстыл ӕрныхасы рӕстӕджы. Гӕнӕн ис, хъӕппӕрисмӕ ӕркӕсдзысты паддзахадон арӕны фӕдыл депутатон къорды куысты рӕстӕджы, кӕцытӕ спикеры фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцӕудзысты ӕртӕ парламентон комитеты фӕлгӕтты – хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинад, ӕддагон политикӕ ӕмӕ законады комитет.

Ног хабӕртты лентӕ
0