Хуссар Ир дыууӕ боны баззайдзӕн ӕнӕ рухсӕй

CC0 / / электрондыхы хахх
 электрондыхы хахх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рухс ахицӕн кӕндзысты электрондыхы хаххыл куыстыты тыххӕй, кӕцыйы уылты республикӕмӕ цӕуы электроэнерги

ЦХИНВАЛ, 12 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сабат ӕмӕ хуыцаубоны бонӕй нӕ уыдзӕн рухс цалцӕггӕнӕн-профилактикон куыстыты тыххӕй электрондыхы хаххыл, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы электроифтонгады дӕлхайады директор Гӕбӕраты Анатолий.

"Мах нывӕндӕм ауадзын цалцӕггӕнӕн-профилктикон куыстытӕ электрондыхы хахх "Цӕгаттаг портал - Дзау"-ыл. Уый фӕдыл 14 ӕмӕ 15 августы электроэнерги нӕ уыдзӕн 9.00 сахатӕй 18.00 сахатмӕ", - банысан кодта агентады ныхасӕмбал.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал-Дзау"-ыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0