Хуссар Иры театр æмæ Уæрæсейы гастролон архайды федералон центр бадзырдтой æмгуыстадыл

© Пресс-служба ГДТХуссар Иры театр æмæ Уæрæсейы гастролон архайды федералон центр бадзырдтой æмгуыстадыл
Хуссар Иры театр æмæ Уæрæсейы гастролон архайды федералон центр бадзырдтой æмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсæйы столицæ æмæ регионты театрты гастрольтæ суыдзысты нæ театры архайыды вазыгджын хахх, - нымайы театры директор

ЦХИНВАЛ, 16 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Уæрæсейы культурæйы министрады гастролон архайды федералон центры генералон директор Булукова Елена æмæ ХИ ПДТ разамынад директор Уалыты Мæдинæ æмæ аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан фембæды рæстæджы сфидар кодтой æмгуыстады бадзырд, сæрмагондæй та йæ фæлгæтты Хуссар Иры театр бахæсдзысты центры дыууæфарсон гастролон нывæзтмæ.

Цæгат Кавказы театралон форумы цæуы Цæцæны. Хуссар Ирыстон паддзахадон драмон театры разамынад директор Уалыты Мæдинæ æмæ аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан хайад исынц йæ куысты.

Хуссар Иры театр æвæры спектакль Афхӕрдты Хасана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры театр æвæры спектакль "Ӕфхӕрдты Хæсанæ"

"Уæлдай сæрыстырæй радзырдтам нæ театры тыххæй, йæ уæрæх авналæнтæ æмæ сæ алыварсонæй спайда кæныны фадæты тыххæй. Уæрæсæйы столицæ æмæ регионты театрты гастрольтæ суыдзысты нæ театры архайды вазыгджын хахх, æвæрццаг æндæвдад сын уыздзæн нæ бæстæты хсæн культурон бастдзинæдтæ райтынг кæныныл", - загъта театры директор Уалыты Мæдинæ.

Уый ма банысан кодта, Уæрæсейы культурæйы министрады гастролон архайды федералон центры генералон директор Булукова Елена райста театры разамынады хуынд æмæ суыдзæн ног театралон сезоны баконды цытджын уазæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0