"Комкоммӕ ӕртхъирӕн": Хуссар Иры президент фембӕлд ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттимӕ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент фембӕлд ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттимӕ
Хуссар Иры президент фембӕлд ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон организациты минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы радон раунды размӕ

ЦХИНВАЛ, 17 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон нымайы провокацийыл ӕмӕ комкоммӕ ӕртхъирӕныл гуырдзиаг тыхон структурӕты блокпост республикӕйы территорийыл Уисты (Цънелис) хъӕуы районы, фехъусын кодта Бибылты Анатолий Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы минӕвӕрттӕн.

ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ дыццӕджы Женеваг дискусситы размӕ, кӕцытӕ нывӕндынц ауадзын октябры райдайӕны. Столицӕйы уыдон фембӕлдысты хуссарирыстойнаг делегацийы уӕнгтимӕ. Фембӕлды сӕйраг темӕ уыд уавӕр арӕныл ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕнӕзаконон блокпост.

"Ацы къахдзӕф у провокаци ӕмӕ йӕ мах нымайӕм комкоммӕ ӕртхъирӕныл Хуссар Ирыстоны ӕдасдзинадӕн. Фӕнды мӕ банысан кӕнын, пост кӕй ис Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕмӕ уый фидаргонд у официалон документтӕй, кӕцытӕ мах бавдыстам сымахӕн", - загъта Бибылты Анатолий ӕхсӕнадӕмон минӕвӕрттӕн.

Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, гуырдзиаг фарсы архӕйдтытӕ аиуварс кӕнынӕн Евроцӕдис ӕмӕ ОБСЕ ницы аразынц.

Хуссар Ир фехъусын кодта Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пунктты сæхгæды тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир фехъусын кодта Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пунктты сæхгæды тыххæй

"Мӕн фӕнды, цӕмӕй Женеваг дискусситӕ мауал уой ӕрмӕст дискусситӕ. Уым хъуамӕ хаст цӕуой дырыс скъуыддзӕгтӕ проблемӕты фӕдыл, кӕцыты руаджы хуыздӕр кодтаиккой ахастытӕ Гуырдзыстонимӕ. Ацы здӕхты хуссарирыстойнаг фарс цӕттӕ у кусын иумӕ ӕмӕ цӕттӕ у къахдзӕфтӕм, кӕцытӕ фӕхуыздӕр кӕндзысты уавӕр", - банысан кодта президент.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны къухдариуӕгады фембӕлд Женеваг дискусситы минӕвӕрттимӕ
Комкоммӕ ӕртхъирӕн: Хуссар Иры президент фембӕлд ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады фембӕлд Женеваг дискусситы минӕвӕрттимӕ

Женеваг дискусситы минӕвар Евроцӕдисӕй Тойво Клаар фехъусын кодта, уыдон кӕй зонынц тӕссаг уавӕры тыххӕй арӕныл ӕмӕ сын ис бастдзинӕдтӕ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕтимӕ.

"Махӕн ахсджиаг у фӕхуыздӕр кӕнын тӕссаг уавӕр, ӕмӕ мах ӕмбарӕм ацы фарст кӕй хъӕуы скъуыддзаг кӕнын диалогы руаджы", - загъта Евроцӕдисы минӕвар.

© Пресс-служба президента РЮОЖеневаг дискусситы минӕвӕрттӕ Тойво Клаар ӕмӕ Рудольф Михалка
Комкоммӕ ӕртхъирӕн: Хуссар Иры президент фембӕлд ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Женеваг дискусситы минӕвӕрттӕ Тойво Клаар ӕмӕ Рудольф Михалка

Уавӕр арӕныл

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта иу къуырийӕ фылдӕры размӕ, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0