Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ райстой сӕ цӕстдардмӕ паддзахадон объекттӕ

© Пресс-служба МВД Южной ОсетииХуссар Иры тыхон структурӕтӕ райстой сӕ цӕстдардмӕ паддзахадон объекттӕ
Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ райстой сӕ цӕстдардмӕ паддзахадон объекттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕдасдзинады мадзӕлттӕ уагъд цӕудзысты республикӕйы дыууӕ паддзахадон ӕмӕ иу динон бӕрӕгбон ауадзыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 19 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытӕ хъахъхъӕндзысты паддзахадон агъуысттӕ ӕмӕ объекттӕ бӕргбонон мадзӕлтты рӕстӕджы 19-ӕй 21-ӕм сентябрмӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

Паддзахадон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕцӕг патриотты бӕрӕгбон: Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйӕн Тырысайы боны цытӕн

Республикӕйы тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ ауадздзысты инженерон-саперон куыст бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ауадзыны бынӕтты. Афтӕ ма уынгтыл, кӕцытӕ цӕуынц мадзӕлтты бынӕттӕм, сӕвӕрдзысты металлондетектортӕ.

МХМ пресс-службӕйы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй централон уынгтыл ӕрӕхгӕндзысты фӕндагон змӕлд.

"19 сентябры 9 сахат 45 минутӕй фӕстӕмӕ ӕрӕхгӕндзысты фӕндагон змӕлд Сталины уынг, Харебаты Исахъхъы уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспектыл фӕндзӕм скъолайы кӕрты Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты мемориалмӕ дидинджытӕ сӕвӕрыны тыххӕй", - загъта Джиоты Алик.

Афтӕ ма 9-ӕй 11 сахатмӕ фӕндагон змӕлд уыдзӕн ӕхгӕд маршрутыл – Театралон фӕзуат – 8-ӕм июны уынг, - микрорайон Хурзӕрин – Присы хъӕу автозгъорд ауадзыны тыххӕй, кӕцы у нывонд Паддзахадон Тырысайы бонӕн.

"11 сахатӕй фӕстӕмӕ ӕрӕхгӕндзысты Харебаты Исахъхъы уынг Ручъы уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспекты алвӕндагыл Анахарсисы номыл Республикон национ библиотекӕйы нывты равдыст ауадзыны тыххӕй. 15 сахатӕй фӕстӕмӕ ӕхгӕд уыдзӕн Пушкины уынг, Лужковы уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспекты алвӕндагыл киноконцертон зал "Чермен"-ы "Адӕмон инструменты оркестр"-ы концерт ауадзыны нысаниуӕгӕн", - бафтыдта пресс-службӕйы минӕвар.

20 сентябры милицийы кусджытӕ хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк ӕфсӕддон парад ауадзыны рӕстӕджы Мӕскуыйаг уынгыл, ХИПУ агъуысты раз.

21 сентябры Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы бӕрӕгбоны рӕстӕджы республикӕйы фӕндӕгтыл сӕвӕрдзысты МХМ уӕлӕмхасӕн посттӕ.

© Пресс-служба МВД Южной ОсетииМилицийы кусджытӕ хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы
Хуссар Иры тыхон структурӕтӕ райстой сӕ цӕстдардмӕ паддзахадон объекттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милицийы кусджытӕ хъахъхъӕндзысты ӕхсӕнадон фӕтк бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы
Ног хабӕртты лентӕ
0