Рӕстӕг ӕрцыд: мыхуыры рацыд Иры сгуыхт журналист Харебаты Батрадзы чиныг

© Sputnik / Наталья АйриянХаребаты Батрадз
Харебаты Батрадз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг журналистикӕйы ветеран райдыдта фыссын йӕ чиныг, йӕ лӕппутӕ йӕ фӕрсын куы райдыдтой сӕ мыггаджы истори ӕмӕ ивгъуыд ӕзты цауты тыххӕй, уый фӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны мыхуыры рацыд сгуыхт журналист, Хетӕгкаты Къостайы премийы лауреат Харебаты Батрадзы документалон уацауты ӕмбырдгонд "В нужное время в нужном месте".

Чиныг у биографион, радзырдта Sputnik йӕхӕдӕг автор. Уый снывонд кодта чиныг йӕ лӕппутӕн.

"Мӕ лӕппутӕ мӕ арӕх фарстой ивгъуыд рӕстӕджы тыххӕй, нӕ мыггаг ӕмӕ бинонты историйы тыххӕй. Ӕз сын алцыдӕр радзырдтон, ӕмӕ стӕй бамбӕрстон, ӕз фӕстаг адӕймаг кӕй дӕн, кӕмӕ ис ацы информаци. Уӕд ӕз аскъуыддзаг кодтой ныффыссын уацау ӕмӕ йӕ арвыстон цӕгатирыстойнаг журнал "Дарьял"-мӕ. Уым ӕй уайтагъд ныммыхуыр кодтой", - загъта автор.

Уый фӕстӕ журналы редакци райста дыккаг уацмыс, афтӕ фӕзынд уамысты цикл, кӕцытӕ фӕстӕдӕр Харебаты Батрадз ӕрбаиу кодта чиныджы.

Чиныджы ӕддаг цъары дизайн равзӕрста автор йӕхӕдӕг. Раздӕр уый хъуамӕ уыдаит сау хуызы, фӕлӕ Харебаты Батрадз куыд загъта, афтӕмӕй чиныг йӕхӕдӕг ирд у, ӕмӕ ӕддаг цъар дӕр хъуамӕ ирд уа.

© Пресс-служба парламента РЮОХаребаты Батрадзы чиныг "В нужное время в нужном месте"
Рӕстӕг ӕрцыд: мыхуыры рацыд Иры сгуыхт журналист Харебаты Батрадзы чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Харебаты Батрадзы чиныг "В нужное время в нужном месте"

Афтор радзырдта йӕ ӕндӕр куыстыты тыххӕй дӕр, кӕцытыл куыста советон заманӕй фӕстӕмӕ.

"1970 азӕй фӕтӕмӕ фыстон алыгъуызон зонадон статьятӕ демографи, социалоги ӕмӕ фӕллойады экономикӕйы тыххӕй. Мыхуыры рацыд сӕдӕ куыстмӕ ӕввахс, уыдонӕй цыппар – хицӕн чингуыты", - банысан кодта Харебаты Батрадз.

Чиныг "В нужное время в нужном месте"-йы тираж у 300 экземпляры.

Ног хабӕртты лентӕ
0