Ток-шоу ӕмӕ аналитикон программӕтӕ: Хуссар Иры телеуынынад рауадздзӕн ног алӕвӕрдтӕ

© Fotolia / MarcociannarelХуссар Иры телеуынынад рауадздзӕн ног алӕвӕрдтӕ
Хуссар Иры телеуынынад рауадздзӕн ног алӕвӕрдтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕфылдӕр уыдзӕн телерадиокомпанийы куысты рӕстӕг. Эфиры фӕзындзӕн ног алӕвӕрдтӕ, кӕцытӕ ауӕрӕх кӕндзысты аудитори, радзырдта ПТРК сӕйраг редактор

ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ног телеуынынадон сезоны паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы эфир суыдзӕн цымыдисондӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр, радзырдта Sputnik компанийы сӕйраг редактор Козаты Дзерассӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивындзинӕдтӕй иу уыдзӕн эфиры куысты: кӕд 2010 азӕй фӕстӕмӕ националон телеуынынад ӕрвылбон хызт эфирмӕ 15.00 сахатӕй, уӕд ныр та райсомӕй.

"Ӕртӕ мӕйы дӕргъы мах куыстам алӕвӕрдты проекттыл, цӕмӕй ауӕрӕх кӕнӕм ӕрмӕст эфирон рӕстӕг нӕ, фӕлӕ ма аудитори дӕр", - банысан кодта Козаты Дзерассӕ.

Уый бахахх кодта, алӕвӕрдтӕ нырма кӕй сты пилотонтӕ, уыдоныл кусдзысты онлайн-режимы.

Хуссар Иры азы кæронмæ скусдзæн цифрæйон телефидиуæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры азы кæронмæ скусдзæн цифрæйон телефидиуæн

"Эфиры рацӕудзысты ног хиирхӕфсӕн, аналитикон, афтӕ ма цымыдисон программӕтӕ. Мах бафӕлвӕрдтам рахизын кӕнын телеуынынады куыст ног ӕмвӕзадмӕ", - загъта Козаты Дзерассӕ.

Ног графикы тыххӕй националон телеуынынады нал кусдзӕн телеканал "Моя планета". 

Афтӕ ма кӕсджытӕн бавдисдзысты зындгонд программӕтӕ ног форматы.

"Ног хабӕртты рауагъды фӕстӕ эфиры рацӕудзӕн ног программӕ "Дӕ райсом хорз", уый кусдзӕн радиойы дӕр комкоммӕ эфиры дыууӕ сахаты дӕргъы. Махмӕ уыдзӕн фӕсивӕдон проекттӕ ӕмӕ ток-шоутӕ дӕр. Тынг популярон ссисты кулинарон программӕтӕ – махмӕ дӕр фӕзындзӕн ахӕм алӕвӕрд", - загъта сӕйраг редактор.

Козаты Дзерассӕ банысан кодта, алӕвӕрдтӕй дарддӕр паддзахадон телерадиокомпанийы командӕ кæй систа документалон кинонывтӕ, уыдонӕй фыццаг тагъд рӕстӕджы рацӕудзӕн ПТРК "Ир"-ы эфиры.

Ног хабӕртты лентӕ
0