Хуымӕтӕг домӕнтӕ: Хуссар Иры парламенты вице-спикер ахӕстоны уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянАхӕстон
Ахӕстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны депутаттӕ бабӕрӕг кодтой Цхинвалы ахӕстон ӕмӕ сбӕрӕг кодтой, цы нӕ цӕуы ахӕстты зӕрдӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 1 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕрдзурдзысты Цхинвалы ахӕстоны уавӕрыл ӕмӕ ӕркӕсдзысты ахӕстты домӕнтӕм, загъта Sputnik парламенты вице-спикер, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады комитеты сӕргълӕууӕг Плиты Александр.

РХИ юстицийы министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иугонд электронон базӕ: куыд цӕуы Хуссар Иры юстицийы министрады реформӕ

Депутаттӕ знон уыдысты ахӕстоны ӕмӕ байхъуыстой ахӕстты домӕнтӕм, кӕцытӕ расидтысты ӕнӕхӕрын. Депутаттӕ арвыстой уым фондз сахатмӕ ӕввахс, уыдон сбӕрӕг кодтой ахӕстоны уавӕртӕ, ныхас кодтой кусджытимӕ.

"Сӕ домӕнтӕ сты хуымӕтӕг. Ахӕсттӕ домынц, цӕмӕй сын раздахой бар исын ӕрвитӕггӕгтӕ, кӕцыты нымӕц фӕкъаддӕр кодтой", - загъта Плиты Александр.

Депутат банысан кодта, ацы домӕн сӕххӕст кӕнын зын кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ дзы бюджетон хӕрдзтӕ нӕ хъӕуы.

"Уый у уаргъӕвӕрд ахӕстты хиуӕттыл. Кӕд сӕ фӕнды хӕринаг ӕрвитын, уӕд уым тӕссагӕй ницы ис", - бахахх кодта Плиты Александр.

Уымӕй дарддӕр вице-спикер фехъусын кодта, ахӕстты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, "ахӕстоны" ӕфсапъӕ ӕмбӕлон ӕххӕст кӕй нӕ кӕны йӕ хӕслӕвӕрдтӕ, уый, сылгоймаг рӕстӕгмӕ ӕрурӕдта йӕ куыст.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, депутаттӕ ноджы иу хатт ӕрӕмбырд кӕндзысты интересы бацӕуӕг адӕмы ӕмӕ ӕрныхас кӕндзысты ацы фарсты фӕдыл.

Афтӕ ма Плиты Александры дисы бафтыдтой зӕрдӕхӕсайгӕ адӕмы уавӕртӕ рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторы.

"Уыдон ӕнӕхъӕн бон сты камерӕйы, рахизыны бар сын вӕййы ӕрмӕстдӕр иу сахатмӕ. Уыцы адӕм фехӕлдтой закон, фӕлӕ сӕ уый тыххӕй ахӕм ӕвзӕр уавӕрты хъуамӕ ма дарой. Нырма бӕрӕг нӕу, фыдгӕнджытӕ сты, ӕви нӕ. Уый фӕдыл ацы фарст хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын", - бафтыдта уый.

Плиты Александр фидарӕй загъта, депутаттӕ уавӕрмӕ сӕ цӕст кӕй дарынц.

Раздӕр юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ банысан кодта, дзырд кӕй нӕ цӕуы ӕнӕхӕрын расидыныл, уымӕн ӕмӕ ахӕсттӕй ничи ныффыста уый тыххӕй ахӕстоны администрацимӕ. Уый банымадта ситуаци уагдоны мидӕггагон уавӕры фехӕлдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0