Хуссар Иры бакӕндзысты ахуыргӕнджыты кусӕгон сахаттӕ уӕрӕсейаг нормӕтӕм

© Sputnik / Наталья АйриянУрок
Урок  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныртӕккӕ республикӕйы педагогон фадыджы кусджыты ставкӕйы ис 15 сахаты къуырийы

ЦХИНВАЛ, 1 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады рабадтыл ӕрдзырдтой педагогон сахатты нормӕйы фарстыл, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. Уынаффӕйы проектмӕ гӕсгӕ сфидар кӕндзысты ахуыргӕнджыты кусӕгон рӕстӕг.

Ирон ӕвзаджы чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Раздахут дамгъӕтӕ: Бибылты Анатолий банхъардта бакусын "Абеты" чиныгыл

Ахуырад ӕмӕ зонады министр Гасситы Натали куыд банысан кодта, афтӕмӕй, ныртӕккӕ педагогон куысты нормӕ у 15 сахаты къуырийы, Уӕрӕсейы Федерацийы та ацы нормӕ у 18 сахаты.

"Хицауады барамынды проект рахастой министрты кабинеты ӕркастмӕ, цӕмӕй бакӕной педагогон куысты сахаттӕ уӕрӕсейаг нормӕтӕм", - банысан кодта Гасситы Натали.

Хицауады уӕнгтӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты уынаффӕйы проектыл.

Нысан ӕрцыд, ацы уынаффӕ ӕххӕст кӕй цӕуы Хуссар Ирыстон ӕмӕ УФ хсӕн бадзырдмӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы фӕрӕзты руаджы Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕмӕ муниципалон уагдӕтты мызд фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл 2016 азы 5 декабрӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0