Проблемӕ аскъуыддзаг экологийӕн ӕдасӕй: цхинвалгæрон арæзт цæуы ног бырондон

© Sputnik / Наталья АйриянБыроны полигон
Быроны полигон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног бырондон аразынц Цхинвалӕй фондз километр фалдӕр, Ирыхъӕуы. Егъау объект аскъуыддзаг кӕндзӕн быроны проблемӕ 25-30 азмӕ

ЦХИНВАЛ, 2 окт– Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Цхинвалы районы Ирыхъæуы æххæст цæуы быроны полигоны арæзтады фыццаг этап, ног бырондон дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæм æмæ уыдзæн æдас æрдзæн, фехъусын котой Sputnik РХИ Арæзтады министрады пресс-службæйы.

Зӕгъойты Эдуард - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕзтады министр радзырдта, куыд фервӕздзысты Хуссар Иры быронӕй

Ног бырондон аразынц Цхинвалӕй фондз километр фалдӕр. Егъау объект аскъуыддзаг кӕндзӕн столицӕйы быроны проблемӕ 25-30 азмӕ.

"Быроны полигоны проект æххæст цæуы дыууæ этапæй. Ныридæгæн къахынц котлован, уый афтæ æрæзт æрцæудзæн, цæмæй быроны хъæстæ ма хъара мæры. Ӕмрæстæджы хæрзарæзт цæуы полигоны æппæт территори – цæттæ цæуынц æххуысгæнæг ифтонгад сæвæрынæн фæзуаттæ. Дыккаг этап æххæст цæудзæн 2020 азы, уæд та сараздзысты прессгæнæн лини быроны утилизацийы нысанæн", - загътой уагдоны пресс-службæйы.

Хъӕбӕр ӕвзарӕнтӕ ӕлхъывд цӕудзысты сӕрмагонд прессы хицӕн брикеттӕм. Уый ратдзӕн фадат утилизаци кӕнынӕн ӕвзарӕнтӕ экологийӕн ӕдасӕй.

Полигоны арӕзтад нысан æрцыд 2019-2020 æзты Инвестицион программӕйы фӕлгӕтты. Проекты аргъ у 165 милуан сомы.

© Sputnik / Наталья АйриянБыроны полигон
Проблемӕ аскъуыддзаг экологийӕн ӕдасӕй: цхинвалгæрон арæзт цæуы ног бырондон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Быроны полигон
Ног хабӕртты лентӕ
0