Уӕрӕсейы МХМ ахуыргӕнӕндӕтты курсанттӕ Хуссар Ирӕй ард бахордтой

© МВД РФУӕрӕсейы МХМ ахуыргӕнӕдӕтты курсанттӕ Хуссар Ирӕй ард бахордтой
Уӕрӕсейы МХМ ахуыргӕнӕдӕтты курсанттӕ Хуссар Ирӕй ард бахордтой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг курсанттӕ, кӕцытӕ бацыдысты Уӕрӕсейы МХМ ахуыргӕнӕндӕттӕм, бахордтой мидхъуыддӕгты органты кусӕджы ард

ЦХИНВАЛ, 9 окт - Sputnik. Дыццӕджы, 8 октябры, ард бахордтой Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Ростоваг юридикон институты фыццаг курсы фондз курсанты Хуссар Ирыстонӕй. Афтӕ ма мидхъуыддӕгты органты кусӕджы ард бахӕрыны церемони ацыд Уӕрӕсейы МХМ Нижний Новгороды академи ӕмӕ Уӕрӕсейы МХМ Волгограды академийы.

Присяга - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы Ӕнусон арты цур ард бахордтой æрсиддонтæ æмæ курсанттæ

Ард бахӕрыны фӕдыл курсанттӕн раарфӕ кодта МХМ сӕрмагонд скондимӕ кусыны хайады хистӕр, милицийы майор Джиоты Созыр.

"Уый у бӕрӕгбонон момент алкӕмӕндӕр, чи слӕууыд Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕныны фӕндагыл! Сымах равзӕрстат ӕцӕг патриот ӕмӕ ӕмбӕстаджы професси. Абоны бон сымахӕн суыдзӕн милицийы кусӕджы райрӕзты райдайӕн, кӕцытӕ иузӕрдыг сты службӕйон хӕслӕвӕрдӕн", - хъусын кӕны Джиоты Созыры ныхӕстӕ республикӕйы МХМ пресс-службӕ.

Афтӕ ма уый загъта бузныг Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр, милицийы инӕлар-майор Наниты Игоры номӕй академийы къухдариуӕгадӕн ӕххуысы тыххӕй квалификацигонд кадрты цӕттӕкӕнынады.

Ацы аз Уӕрӕсейы МХМ ахуыргӕнӕндӕттӕм бацыдысты 22 курсанты, кӕцытӕ ахуыр кӕндзысты паддзахадон фӕрӕзтӕй.

Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрад 2009 азӕй фӕстӕмӕ арвыста ахуырмӕ Уӕрӕсейы МХМ ахуыргӕнӕндӕттӕм 200 курсантӕй фылдӕр, кӕцыты фылдӕр хай службӕ кӕны республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органты.

Ног хабӕртты лентӕ
0