Гаглойты Рутены бæрзæнд: Хуссар Иры сæнусон кæндзысты зынгæ ахуыргонды ном

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры сæнусон кæндзысты зынгæ ахуыргонды ном
Хуссар Иры сæнусон кæндзысты зынгæ ахуыргонды ном - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инициативæ раразмæ кодта республикæйы УУМ фæндаг Цхинвал-Зæрæмæджы проекткæныны райдианыл сæдæ азы сæххæсты цытæн

ЦХИНВАЛ, 9 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры Дзауы районы æнæном бæрзæндæн ратдзысты зындгонд ирон инженер Гаглойты Рутены ном. Ацы скъуыддзаг райстæуыд æртыццæджы хицауады барамындæй министры кабинеты рабадтыл.

Гаглойты Рутены 130 азы юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ахуыргæндтæ æнхъарынц сæнусон кæнын Гаглойты Рутены ном

Инициативæ раразмæ кодта республикæйы УУМ фæндаг Цхинвал-Зæрæмæджы проекткæныны райдианыл сæдæ азы сæххæсты цытæн. Гаглойты Рутен уыд фæндаджы арæзтады хъуыды раразмæгæнæг æмæ йæ къухдариуæггæнæг.

УУМ сæргълæууæг Цоциты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ, инженеры ном райсдзæн бæрзæнд Уанелы хъæуы.

Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты ацы инициативæимæ.

"Ацы стыр адæймаджы ном æнæмæнгæй хъæуы сæнусон кæнын. Уый куыннæ уыдаид, уæд махæн абон, æвæццæгæн, нæ уаит Ручъы тоннель", - банысан кодта хицауады сæрдар Пухаты Эрик.

Гаглойты Рутены хиуæттæ стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты ацы хабарыл.

"Ацы диссаджы хорз хабары тыххæй Гаглойты Рутены бинонтæ стыр бузныг зæгъынц, чидæридæр ацы хъуыды раразмæ кодта æмæ йæ фарс балæууыд, æппæт уыцы адæмæн! Тынг сæрыстыр дæн ацы хъуыддагæй", - ныффыста Facebook-ы йæ хъæбулы хъæбул Гаглойты Бэла.

Гаглойты Рутен у Хуссар Иры рельефон картæйы автор, фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ сæйраджыдæр адæмы хъуыдыйы баззад куыд Ирыстоны дыууæ хайы хсæн фæндагаразæг. Инженер 1937 азы 19 июлы ʻрцыд репрессигонд, йæ архайд та бирæ æзты дæргъы уыд рох. Фарон Хуссар Иры Национ банк рауагъта згъæр æхца йæ юбилеймæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0