Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад: рӕвдзытӕм чи нӕ рбацӕуа, уыдоны ӕфхӕрдзыстӕм

© Минобороны РЮОХуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад: рӕвдзытӕм чи нӕ рбацӕуа, уыдоны ӕфхӕрдзыстӕм
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад: рӕвдзытӕм чи нӕ рбацӕуа, уыдоны ӕфхӕрдзыстӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъахъхъӕнынады министрады минӕвӕрттӕ радзырдтой, цы ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн ӕмбӕстӕгтӕм, кӕцытӕ не рбацыдысты мобилизацион рӕвдзытӕм августы

ЦХИНВАЛ, 15 окт - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны цыппар мин резервистӕй, кӕцытӕм ӕрсидтысты мобилизацион рӕвдзытӕм августы, не рбацыдысты ӕрмӕстдӕр цыппар сӕдӕ, радзырдтой Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы республикӕйы хъахъхъӕнынадон уагдоны минӕвӕрттӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянӔлборты Игорь
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад: рӕвдзытӕм чи нӕ рбацӕуа, уыдоны ӕфхӕрдзыстӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕлборты Игорь

Июлы райдайӕны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд резервистты рӕвдзытӕ ауадзыны фӕдыл. Уыдон ацыдысты августы райдайӕны генералон штаб, РХИ Гарзджын тыхты хайӕдтӕ ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонты командон-штабон ахуырты фӕлгӕтты.

"Уый уыд фыццаг ахӕм фӕлтӕрддзинад фӕстаг 27 азы дӕргъы", - банысан кодта хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Ӕлборты Игорь.

Рӕвдзыты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ рабӕрӕг ис цалдӕр проблемӕйы. Хъахъхъӕнынадон уагдон фӕнд кӕны фӕхуыздӕр кӕнын ӕрсидты кампанийы гъӕд.

© Sputnik / Наталья АйриянГуыцмӕзты Алан
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад: рӕвдзытӕм чи нӕ рбацӕуа, уыдоны ӕфхӕрдзыстӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуыцмӕзты Алан

"Сарӕзтам ӕмбӕстӕгты номхыгъдтӕ, кӕцытӕ не рбацыдысты рӕвдзытӕм. Уыцы номхыгъдтӕ арвитдзысты ӕмбӕлон органтӕм ӕмӕ ӕмбӕстӕгты фӕдыл бакӕндзысты административон хъуыддӕгтӕ", - банысан кодта ӕфсӕддон комиссар Бибылты Роберт.

Хъахъхъӕнынады министрады минӕвртты ныхӕстӕм гӕсгӕ, мобилизацион рӕвдзытӕ гӕнӕн ис суой иудадзыг.

"Алцыдӕр баст у уӕлдӕр командӕгӕнӕджы скъуыддзагимӕ", - загъта Хъахъхъӕнынады министрады организацион-мобилизацион хайады хистӕр, булкъон Гуыцмӕзты Алан.

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Роберт
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад: рӕвдзытӕм чи нӕ рбацӕуа, уыдоны ӕфхӕрдзыстӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Роберт
Ног хабӕртты лентӕ
0