Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн гуманитарон бастдзинӕдтыл ӕрдзурдзысты Мӕскуыйы

© Sputnik / Alexander Vilf /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн гуманитарон бастдзинӕдтыл ӕрдзурдзысты Мӕскуыйы
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн гуманитарон бастдзинӕдтыл ӕрдзурдзысты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы рӕстӕджы сараздзысты механизмтӕ, цӕмӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федераци ӕмархайд кӕной фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фадыджы

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райсдзӕн тымбыл фынг "Гуманитарон ӕмгуыстад фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фадыджы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы хсӕн"-ы куысты, кӕцы ацӕудзӕн 17-18 октябры Уӕрӕсейы Ӕхсӕнадон палатӕйы Советты залы Мӕскуыйы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Ир хайад исы фӕсивӕдон инновациты кейс-чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир хайад исы фӕсивӕдон инновациты кейс-чемпионаты

Делегацийы сконды сты фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕргълӕууӕг Зассеты Сергей, йӕ хӕдивӕг Гатыгкоты Валентина, фӕсивӕды минӕвӕрттӕ, культурӕ, фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фадгуыты эксперттӕ.

Мадзалы рӕстӕджы сараздзысты механизмтӕ, цӕмӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федераци ӕмархайд кӕной фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фадыджы. Афтӕ ма мадзалы фӕлгӕтты бавдисдзысты равдыст "Хуссар Ирыстон – хуры бӕстӕ", кӕцыйы сӕйраг экспонаттӕ уыдзысты зындгонд ирон нывгӕнджыты скульптурӕтӕ ӕмӕ нывтӕ.

"Хицӕн стендӕй бавдисдзысты ирӕтты сфӕлдыстад ӕмӕ царды уагы рагон дзауматӕ, Хуссар Ирыстоны фендтаг бынӕтты фотоколлажтӕ. Афтӕ ма равдысты уазджытӕ базонгӕ уыдзысты куыстыты автор, хъӕдырмӕджы ӕрмдӕсны ӕмӕ курдиатджын скульптор Кӕсӕбиты Андреимӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕрӕхӕй бавдисдзысты ирон националон къӕбиц, сӕйраджыдӕр – традицион ирон уӕлибыхтӕ. Уазджытӕ бафӕлвардзысты суадоны дӕттӕ ӕмӕ натуралон сӕнтӕ.

Мадзал уагъд цӕуы Уӕрӕсейы ӕхсӕнадон дипломатийы райрӕзт, гуманитарон ӕмгуыстад ӕмӕ традицион хӕзнатӕ бавӕрыны фӕдыл Ӕхсӕнадон Къамис ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0