Иры адӕмы хӕрзӕбонӕн: президент схорзӕхджын кодта республикӕйы минӕварады кусджыты

© Посольство РЮО в РФПрезидент схорзӕхджын кодта республикӕйы минӕварады кусджыты
Президент схорзӕхджын кодта республикӕйы минӕварады кусджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сымах адарддӕр кодтат куыст, кӕцы райдыдтой нӕ фыццаг минӕвӕрттӕ дыууӕ ӕнусӕй раздӕр, бахахх кодта президент

ЦХИНВАЛ, 7 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта хуссарирыстойнаг минӕварады кусджыты Мӕскуыйы майданӕй "270 азы Ирыстоны фыццаг минæварадыл Петербурджы". Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта минӕварады уынаффӕгӕнӕг Уалыты Зара.

Ирыстоны культурӕйы бонтӕ Эрмитажы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скифаг сыгъзӕрин ӕмӕ ирон аивад: Эрмитажы байгом сты Ирыстоны культурӕйы бонтӕ

Хорзӕхтӕ райстой уынаффӕгӕнӕг-минӕвар Джиоты Ӕхсар, информацион политикӕйы фӕдыл минӕварады уынаффӕгӕнӕг Уалыты Зара, консулон фарстыты фӕдыл минӕварады уынаффӕгӕнӕг Денис Долгушев.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг загъта бузныг алкӕмӕндӕр, чи хайад райста Петербурджы фыццыг ирон минӕварады юбилейы бӕрӕгбонмӕ цӕттӕкӕнынады.

"Сымах адарддӕр кодтат куыст, кӕцы райдыдтой нӕ фыццаг минӕвӕрттӕ дыууӕ ӕнусӕй раздӕр. Уый ӕххӕст цӕуы Ирыстоны адӕмы хӕрзӕбонӕн", - загъта президент.

Ирон культурӕйы бонтӕ Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварадыл 270 азы сӕххӕсты цытӕн уагъд цыдысты Санкт-Петербурджы 23-24 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0