Ауæзт, цырæгътæ æмæ фондз хуызы бæлæстæ: столицæ райсдзæн ног улæфæн зонæ

Рафыссын
Леуахийы донбылгæроны дыууæ хиды ʻхсæн мæйы кæронмæ хæрзарæзт æрцæудзæн Стыр парк

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сæйраг сахары фæуд кæны Хуыбылты Валерийы номыл Стыр парчы хæрзарæзтад. Мæйы кæрон Цхинвал райсдзæн ног улæфæн зонæ, фехъусын кодта Sputnik арæзтадон компани "Цхинвальская строительная компания"-йы директоры хæдивæг Цхуырбаты Вильям.

"Стыр парчы хæрзарæзтад фæуд кæны. Хъæуы ма сæвæрæн ифтонгад – бандæттæ, бырондæттæ, рухсытæ æмæ хидтæ. Улæфæн зонæйы уыдзæн 37 бандоны, парк срайдзаст кæндзыты 100 цырагъы", - загъта Цхуырбаты Вильям.

Уый ма радзырдта, зæлдфæлындæн куыстытæ та æххæст æрцæудзысты рбалæугæ аз.

Хосгӕнӕн суадон Дзау-суары цур арӕзт цӕуы фӕлладуадзӕн парк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хосгӕнӕн суадон "Дзау-суары" цур арӕзт цӕуы фӕлладуадзӕн парк

"Горæты администрацийы фæндонмæ гæсгæ кæрдæг байтауыны куыстытæ аргъæвтам уалдзæгмæ, тауинаг æлхæд æрцыд. Нывæндынц ма паркы ныссадзын 170 бæласы онг, сæ нымæцы сусхъæд, наз, канадæйаг тæгæр æмæ даргъдзуаг гæдыбæлас", - бафтыдта уый.

Нывæзтмæ гæсгæ, столицæйы сæйраг улæфæн зонæйы уыдзæн ауæзт, сценæ, велофæндаг, йæ зæлдфæлынд баххæст уыдзæн фондз хуыз бæласы талайæ. Парчы мидæг ма уыдзæн сценæ, хиирхæфсæн аттракционтæ. Раздæрау ма дзы уыдзæн ауæзттæ æмæ сæ сæрыл хидтæ.

Стыр парк хæрзарæзт цæуы 20 мин квадратон метрыл. Инвестпрограммæмæ гæсгæ йын рахицæн æрцыд 33,5 милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0