Знауыры самадтой Уастырджыйы кувæндон

© Фото из архива Романа ТедееваВ Знаурском районе Южной Осетии построили часовню святого Уастырджи
В Знаурском районе Южной Осетии построили часовню святого Уастырджи  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног кувæндоны зӕдмӕ кувыны бон - 17 ноябры сарæзтой куывд. Нæлгоймæгты, æфсæддонты æмæ бæлццæттыл аудæг Уастырджыйæн районы цӕрджытӕ фæдзæхстой сæхи

ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы самадтой Уастырджыйы кувæндон. Ног кувӕндон сцæттæ кодтой Ирыстоны иууыл стырдæр динон бæрæгбон – Джиуæргуыбамæ.

Уастырджыйы кувæндон сæвзæрд Знауыры поселокы рахизæны, республикон трассæйы рахиз фарс. Амад арæзт æрцыд мæсыджы хуызы, йæ уæлæ ис Уастырджыйы фæлгонц.

"Мæхæдæг дæн æдзух фæндагыл. Фæндаггон та йæхи фæдзæхсы балцы размæ Уастыджыйæн. Фæндаггæрон нæм никуы ис кувæндон. Мæ хъуыды хорзыл банымадта районы разамынад, мæ фарсмæ балæууыдысты ме ʻмгæрттæ. Иу аз æмæ æрдæгмæ самадтам кувæндон", - загъта Sputnik арæзтады инициатор, Знауыры цæрæг Тедеты Роман.
Къуаиса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуаисайы Джиуæргуыбайы бонтæм сарæзтой фæндаг Уастырджыйы кувæндонмæ

Ног кувæндоны зӕдмӕ кувыны бон - 17 ноябры сарæзтой куывд. Нæлгоймæгты, æфсæддонты æмæ бæлццæттыл аудæг Уастырджыйæн районы цӕрджытӕ фæдзæхстой сæхи, акодтой дзы нывонд кусӕрттаг.

"Йæ кусæрттаг дæр нын развæлгъау цæттæ уыд æмæ 17–æм ноябры нæхи бафæдзæхстам. Знауыр – Цхинвалы трассæ у ног арæзт фæндаг, æрцæуы дзы фыдбылызтæ æмæ дзы нырæй фæстæмæ адæм сæхи фæдзæхсдзысты", - бафтыдта Роман.

Ног хабӕртты лентӕ
0