Миланы сарӕзтой хӕларады ассоциаци "Итали – Хуссар Ирыстон"

© facebook/Mauro MurgiaМиланы сарӕзтой хӕларады ассоциаци "Итали – Хуссар Ирыстон"
Миланы сарӕзтой хӕларады ассоциаци Итали – Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ассоциацийы арӕзтады фӕдыл инициативон къорды рабадты хайад райста Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр

ЦХИНВАЛ, 18 ноя - Sputnik. Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий хайад райста Хӕларады ассоциаци "Итали – Хуссар Ирыстон"-ы арӕзтады фӕдыл инициативон къорды рабадты, кӕцы ацыд сабаты хӕрзаудӕн организаци "Societa benefica el salvadanee de la montagneta"-ы бӕстыхайы Миланы, хъусын кӕны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры музыканттӕ базонгӕ кӕндзысты италиаг горӕты цӕрджыты ирон классикӕимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры музыканттӕ базонгӕ кӕндзысты италиаг горӕты цӕрджыты ирон классикӕимӕ

Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр ӕрцыд Миланмӕ 15 ноябры Европӕйы бӕстӕтӕм балцы фӕлгӕтты. Уый размӕ Медойты Дмитрий бабӕрӕг кодта Берлин, цы ран фембӕлд политикон ӕмӕ кусӕгон зылдты минӕвӕрттимӕ.

Ассоциаци саразыны фӕдыл хъӕппӕрис бахаста Мариселла Миателла, кӕцыйы равзӕрстой йӕ президентӕй. Уый банысан кодта, ассоциацийы сӕйраг хӕслӕвӕрдтӕй иу кæй у райтынг кӕнын культурон бастдзинӕдтӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Италийы хсӕн.

Хуссар Ирыстоны ФХМ минӕвар Италийы Мауро Мурджиа рабадты рӕстӕджы банысан кодта, Италийы кӕй ис интерес республикӕмӕ – ирон адӕмы истори ӕмӕ культурӕмӕ. Мурджиа бахахх кодта, зӕгъгӕ, "2008 азы Италийы фӕзылын кодтой Хуссар Ирыстоны цӕрӕн пунктты бомбардировкӕ, 2004 азы сентябры та дунейы адӕм иууылдӕр райстой Беслӕны трагеди, куыд сӕхи рыст – трагедийы амӕттӕгты мысӕнӕн Италийы кӕцыдӕр горӕтты сӕвӕрдтой мемориалтӕ".

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ фӕзылын кодтой гуырдзиаг къухдариуӕгады агрессивон политикӕ Хуссар Ирыстоны арӕны уавӕр сӕндыгъд кӕныны фӕдыл ӕмӕ ӕрсидтысты Европӕйы бӕстӕтӕм, цӕмӕй сӕ цӕст ӕрдарой Гуырдзыстоны провокацион архӕйдтытӕм.

Афтӕ ма рабадты рӕстӕджы Медойты Дмитрий радта Сицилийы Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады официалон минӕвары бӕрӕггӕнӕн документ Кармело Скализийӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0