Италиаг телеканал радзырдта Хуссар Иры ФХМ балцы тыххӕй Миланмӕ

© Brianza 1 NetworkИталиаг телеканал радзырдта Хуссар Иры ФХМ балцы тыххӕй Миланмӕ
Италиаг телеканал радзырдта Хуссар Иры ФХМ балцы тыххӕй Миланмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Европӕйы бӕстӕтӕм балцы фӕлгӕтты Миланы Медойты Дмитрий бавдыста Хуссар Ирыстоны ӕххӕстбарджын минӕвары Сицилийы Кармело Скализийы

ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий сабаты Европӕйы бӕстӕтӕм балцы фӕлгӕтты бабӕрӕг кодта италиаг горӕт Милан, хъусын кӕны бынӕттон телеканал Brianza 1.

Фембӕлды рӕстӕджы Медойты Дмитрий бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй зонынц мӕнг информацийы тыххӕй, ома республикӕ ис уӕрӕсейаг оккупацийы бын.

"Фӕнды мӕ фехъусын кӕнын, Хуссар Ирыстон кӕй у хӕдбар паддзахад, кӕцыйы банымадта Уӕрӕсейы Федераци", - бахахх кодта министр.

Медойты Дмитрий бафтыдта, Германийы дӕр кӕй фӕнд кӕнынц сфидар кӕнын хӕларадон бастдзинӕдтӕ Хуссар Ирыстонимӕ.

Миланы сарӕзтой хӕларады ассоциаци Итали – Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Миланы сарӕзтой хӕларады ассоциаци "Итали – Хуссар Ирыстон"

Уымӕй дарддӕр фембӕлды рӕстӕджы ӕддагполитикон уагдоны сӕргълӕууӕг радта бӕрӕггӕнӕн документ Кармело Скализийӕн – уый уыдзӕн Хуссар Ирыстоны ФХМ ӕххӕстбарджын минӕвар Сицилийы.

"Кармело Скализи бирӕ хатт уыд Хуссар Ирыстоны, хорз зонгӕ у нӕ бӕстӕимӕ ӕмӕ кусдзӕн ног бастдзинӕдтӕ агурыныл", - загъта Медойты Дмитрий.

Скализи фехъусын кодта, сӕрыстырӕй кӕй райсдзӕн йӕхимӕ ацы бӕрндзинад.

Европӕйы бӕстӕтӕм балцы фӕлгӕтты Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр бабӕрӕг кодта Берлин, Милан ӕмӕ Неаполь. Медойты Дмитрийы балц адарддӕр уыдзӕн Брюсселы, цы ран ФХМ сӕргълӕууӕджы райсдзысты республикӕйӕ рацӕугӕтӕ – ӕвзонг адӕм, кӕцыты фӕнды ӕрбаиу кӕнын Европӕйы ирӕтты ассоциацимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0