Уынгӕджы бирӕгътӕй: Хуссар Иры хъӕуты сырдтæ æргæвдынц хæдзарон фосы

Рафыссын
Фæстаг рæстæджы бирæгътæ аргæвстой хæдзарон фос Бехъмар æмæ Ӕлыгуаты хъæуты. Тугдзых сырдты марыны нывæзт балхынцъ ис 2017 азы, семæ тох ныр ис хъæуты цæрджытӕн сӕхи бæрны

ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Зымæджы къæсæрыл Хуссар Иры районты сарæх сты бирæгътæ. Тугдзых сырдтæн хъæды тыгъдад фаг нал у æмæ лæбурынц хъæутæм, æргæвдынц хæдзарон фос.

Фæстаг бонты Знауыры районы хъæутӕй цалдӕры уыд ахӕм цаутӕ - бирæгътæ бацыдысты хӕдзӕртты кӕртытӕм, цӕхӕрадӕттӕм. Ӕлыгуаты (Чъециаг) бирӕгъ аргæвста дзæргъы.

"Хæдзармæ хæстæг бон сихорафон бахордта бирæгъ нӕ дзæргъы. Изæры йæ цуанонтæ бахъахъхъæдтой æмæ йӕ амардтой. Фæлæ та дысон дæр дзæргъы æргæвсты бынатмӕ ӕрбацыдысты цыппар бирæгъы", - радзырдта хъæуы цæрæг Мӕдинӕ.
© Из архива О. Тегкаевой Ӕлыгуаты амардтой бирæгъ
Уынгӕджы бирӕгътӕй: Хуссар Иры хъӕуты сырдтæ æргæвдынц хæдзарон фосы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕлыгуаты амардтой бирæгъ

Амæй размæ сыхаг хъæу Бехъмармæ дæр фæуазæг ис бирæгъ, уым та йӕ амӕттаг бакодта роды.

"Нæ цæхæрадонмæ æхсæвыгон бацыд бирæгъ æмæ фæхæцыд родыл. Уый фæстæ ма йын судзинтӕ сарæзтой, фæлæ нал фервæзт", - загъта хъæуы цæрæг Джульетта.

2015-2017 ӕзты комплексон нысанмӕздӕхт программӕмæ гæсгæ, тугдзых сырд амарæгæн лæвæрд цыдысты æхцайы премитæ. Цуанонтӕн геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайда кӕныны комитет фыста ӕхцайы премитӕ 1-2 мин сомы бæрц. Ӕдӕппӕт программӕйы фӕлгӕтты цуанонтӕн бафыстӕуыд 220 мин сомæй фылдæр.

"Бæрæг у, кæй сарӕх сты бирæгътæ æмæ гибридтæ æмæ тыхсын кæнынц хъæуты цæрджыты. Фӕлӕ 2017 азы фæцис ацы нывæзт. Махæн нæ авналæнтæ сты къуындæг. Цуаны ацæуыны хæрдзтæ нæм нæй. Хъæуы цæрджытæн сæхи хъæуы хæцæнгарзы бартæ сфидар кæнын æмæ хъæумæ цы туыгдзых сырдтæ бырсы, уыдон куынæг кæнын", - загъта экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕрдар Бестауты Бала.

Программӕ фыццаг хатт фидар ӕрцыд хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ 2015 азы. Йӕ саразыны хъуыды раразмӕ кодтой республикӕйы санитарон службӕтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0