Хуссар Ир Ног азмӕ аласдзӕн Уӕрӕсемӕ 200 мин авджы сӕн

© Pixabay / congerdesignСӕн
Сӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацимӕ экспорты цӕуынц сӕны алыгъуызон сорттӕ, куыд "Шираз", "Каберне", "Мерло", "Совиньон" ӕмӕ "Шардоне"

ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Годжысаты Анна. Хуссар Ирыстон Ног азмӕ нывӕнды фӕфылдӕр кӕнын сӕны экспорт Уӕрӕсемӕ 20 мин авджы онг, сӕрды Уӕрӕсемӕ ластой 50 мин авджы, радзырдта Sputnik компани "Сӕндуцӕн Иронсӕн"-ы генералон директор Цӕпаты Алексей.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры депутаттӕ ӕрдзырдтой республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты нывӕзтыл

Хуссар Ирыстоны сӕнтӕ, куыстуаты сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, сты тынг популярон Уӕрӕсейы, уый фӕдыл экспорты бӕрцуат фӕфылдӕр кодтой.

"Нырма цалдӕр мӕйы размӕ Уӕрӕсемӕ ластой 50 мин авджы мӕймӕ. Ноябры ацы цифрӕ ӕртӕ хатты фӕфылдӕр. Ног азмӕ уӕрӕсейаг базары уыдзӕн хуссарирыстойнаг сӕны 200 мин авджы", - загъта Цӕпаты Алексей.

Уый банысан кодта, Уӕрӕсейы Федерацимӕ экспорты кӕй цӕуынц сӕны алыгъуызон сорттӕ, куыд "Шираз", "Каберне", "Мерло", "Совиньон" ӕмӕ "Шардоне".

Хуссар Ирыстоны территорийыл сӕны продукцийы райрӕзты нысаниуӕгӕн ныккалдтой сӕндӕтты гектартӕ. "Сӕндуцӕн Иронсӕн" у республикӕйы иууыл егъаудӕр инвестицион проекттӕй иу – уый скуыста 2018 азы . Ацы аз фӕззӕджы инвестпроект Хуссар Ирыстоны хицауады скъуыддзагӕй райста паддзахадон ӕххуыс республикӕйы инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0