Цхинвалы ацæудзæн зындгонд пианисткæ Цоциты Златайы концерт

© zlatachochieva/Evgeny EvtyukhovЦхинвалы ацæудзæн зындгонд пианисткæйы концерт
Цхинвалы ацæудзæн зындгонд пианисткæйы концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номдзыд зарæггæнæг мадзал нывонд кæны йæ нана, зындгонд ахуыргæнæг Дзудцаты Зинаидæйæн, кæцы бирæ æзты дæргъы куыста горæты дыккæгæм скъолайы

ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Зынгæ ирон пианисткæ, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Цоциты Злата ратдзæн концерт йæ райгуырæн бæстæйы - Хуссар Иры - Ног азы къæсæрыл. Мадзалы айхъуысдзысты Бах, Шуберт, Шопен, Рахманинов æмæ Альбенисы уацмыстæ.

Концерт ацæудзæн зо декабры Хуссар Иры паддзахадон театры.

Цоциты Злата - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цоциты Злата хъахъхъӕндзӕн Уӕрӕсейы кад музыкалон фестивалы Флоридайы

"Номдзыд зарæггæнæг мадзал нывонд кæны йæ нана, зындгонд ахуыргæнæг Дзудцаты Зинаидæйæн, кæцы бирæ æзты дæргъы куыста горæты дыккæгæм скъолайы. Цоциты Златайы концерт саразыны фæнд уыд рагæй, фæлæ йæ фæстиад кодта зарæггæнæджы æндыгъд график", - загътой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.

Цоциты Злата ис дунейы зындгонддæр пианистты нымæцы. Фыццаг сценæмæ рахызт фондз азы кары, авд азы фæстæ уый радта йæ фыццаг хисæрмагонд концерт Мæскуыйаг консерваторийы. Уый у 14 æхсæнадæмон конкурсы лауреат. 2005 йын лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæйы цытджын ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0