Ногазон цин æмæ фыдбылызтæ: хъæуы пиротехника æви нæ

© МВД РЮОПиротехникæ
Пиротехникæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæрджытæй иутæ сты пиротехникæйы уæйы ныхмæ, аннæтæ та сæ нымайынц хъæлдзæг Ног азы æнæмæнг атрибутыл

ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæмæ цадæггай хъуызы ногазы тæфаг, бæрæгбонон фæлыстимæ иумæ Ног аз хæссы гуыпгæнæнты гæрæхтæ. Уæйгæнджытæ дæлтæрхæг фембæхсынц тобæгонд продукци, барадхъахъхъæнæг органтæ сарæх кæнынц сгарæн рейдтæ базарадон объекттыл. Цæрджытæй иутæ сты сæ уæй кæныны ныхмæ, аннæтæ сæ нæ нымайынц хъæлдзæг Ног азы æнæмæнг атрибутыл.

Горæты ссарæн цы петардæтæн нæй, уыдонæй дзаг сты скъоладзауты кæстæр фæлтæры дзыппытæ. Циндзинад цы хъуамæ хæсса, уый хатгай расайы стыр бæллæхтæ. Ацы азы райдайæны петардайæ æвзонг сылоймагæн бахъыгдард ис йæ цæст, уымæй размæ бакуырм ис сывæллон, ис бирæнымæц цаутæ, гуыпгæнæнтæй куы фæцъæрæмæхст æмæ бахъыгдард вæййынц сæ къухтæ æмæ буары æндæр хæйттæ.

"Скъолаты уадзæм ахуырдзаутимæ фембæлдтæ, æмбарын сын кæнæм, пиротехникон æрмæджытæ цы тас хæссынц, уый", - загъта æнахъомты фæдыл инспекцийы хистæр Гататы Лали.

Нырма кæд Ног азмæ рæстæг бирæ ис, уæддæр ныридæгæн уынгты гуыпгæнæнты "хъæр" сарæх ис.

Сотрудники ОМОНа проверяют новогоднюю уличную ярмарку - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милици тобæ сæвæрдта ӕнӕлегалон пиротехникæйы уæйыл

"Мæ лæппуйæн мын уынгы иу чысыл лæппу йæ капюшоны ныппæрста гуыпгæнæн, чысыл йæ буар бахъыгдард ис, фæлæ фыдбылызæй аирвæзт. Мæ сывæллоныл исты куы рцыдаит,уæд дзуаппдæттæг чи уыдаид? Кæд сыл тобæ не ʻвæрынц, уæд та сæ сывæллæттæн уæддæр ма уæй кæнæт", - загъта горæты цæрæг Ревмира.

Хуссар Иры амалиуæгады фæдыл законмæ гæсгæ, Хуссар Иры тобæгонд сты пиротехникæйы æппæт хуызты рауагъд æмæ уæй кæнын. Фæлæ уыимæ дæр разы не сты цæрджыты иу къорд.

"Мæ сабибонты алкæддæр уыд гуыпгæнæнтæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ сыл бынтон тобæ æвæрæн нæй. Хъæуы хъусдард. Гъæдджын куы уой æмбæлон документтимæ, уæд сæ нæ хъæуы тобæ кæнын. Сабиты Ног азы уыдон дæр хъуамæ уой, æрмæст фыдбылыз ма хæссой", – загъта Цхинвалы цæрæг Михаил.

Хъæуы пиротехникæ æви нæ, уый цæрджыты хсæн скъуыддзаг нæма у. Уæдмæ та къуырийы райдайæнæй горæты базарадон объектты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ уадзынц сгарæн рейдтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0