Харебаты Марта хъахъхъӕндзӕн Иры кад вокалон конкурс "Ног стъалы – 2020"-ы

© Из архива Н. ЖуйковойХаребаты Марта
Харебаты Марта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй уымӕн тынг ӕхсызгон у, кӕй йын фӕзынд фадат радзурын йӕ уарзондзинады тыххӕй Ирыстонмӕ

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Зарӕггӕнӕг Харебаты Марта хайад райсдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон телеуынынадон вокалон конкурс "Ног стъалы – 2020"-ы. Конкурсы хайад райсыны ӕвзӕрст рацыдысты 86 зарӕггӕнӕджы ӕппӕт Уӕрӕсейӕ, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Харебаты Марта рамбылдта Рæсугъддзинад, модæ æмæ курдиаты фестиваль BEAUTY RUSSIA 2019-йы Гран-при - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уæрæсейы хуыздæр курдиат": ирон вокалисткæ рамбылдта фестивалы Гран-при Мæскуыйы

"Тынг ӕхсызгон мын у, кӕй мын ис фадат ӕппӕт Уӕрӕсейы раз зӕгъын, куыд уарзын мӕ Фыдыбӕстӕ. Мӕ цӕст уарзы Ирыстонӕн сабырдзинад ӕмӕ хӕрзӕбон", - загъта Харебаты Марта.

Зарӕггӕнӕг банысан кодта, йӕ бӕллиц кӕй у азарын дуэты Филипп Киркоровимӕ ӕмӕ бафтыдта, тынг кӕй уарзы йӕ сфӕлдыстад.

Харебаты Марта фыццаг хатт рахызт сценӕмӕ 3-аздзыдӕй. Схъомыл ис сфӕлдыстадон бинонты: фыд – актер, мад – хореограф. Фӕцис Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргӕнӕндон. Йӕ бӕллиц у, цӕмӕй суа зындгонд зарӕггӕнӕг ӕмӕ размӕ кӕна йӕ Фыдыбӕстӕ – Ирыстон, афтӕ ма ӕххуыс кӕна курдиатджын фӕсивӕдӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0