Митын Дадайы бæсты: сидзæр сывæллæтты бæллицтæ сæххæст кæндзысты амалхъом адæм

© Sputnik / Наталья АйриянБæллицты фонтан
Бæллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ПТРК "Ир"-ы æртыккаг "Бæллицты фонтан"-ы амалхъом адæм дарддæр æххæст кæндзысты сидзæр сывæллæтты ногазон бæллицтæ, кæцыты тыххæй уыдон ныффыссынц Митын Дадамæ фыстæджытæ

ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынад срæвдз кодта æртыккаг хæрзаудæн проект "Бæллицты фонтан". Сидзæр сабитæ æмæ Митын Дадайы æхсæны адæмы бынаты ацы аз та ралæудзысты телеуынынады сæрмагонд алæвæртты амонджытæ – Сабанты Мæдинæ æмæ Асаты Ванда.

"Бæллицты фонтан" райдайдзæн ног къуыри.

"Проект "Бæллицты фонтан"-ыл куыст райдыдта - тымбыл цæуы информаци. Раздæрау дзы архайдзысты сидзæр сывæллæттæ, бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонты зæнæг, æдæппæтæй 300 сабийы бæрц. Иннæ æзтæм абаргæйæ дзы уыдзæн ивындзинæдтæ, ацы хатт проекты концертон нывæзты архайджытæ суыдзысты сæхæдæг сабитæ æмæ сывæллæтты сфæлдыстадон коллективтæ ", - фехъусын кодта Sputnik ПТРК "Ир"-ы сæйраг редактор Козаты Дзерассæ.

Хæрзаудæн проект æххæст цæуы ныр æтыккаг аз. Йæ фæлгæтты республикæйы сæдæгай сабитæн сæ ногазон бæллицтæ сæххæст кæнынц амалхъом адæм. Сабитæ сæ бæллицты тыххæй развæлгъау ныффыссынц фыстæджытæ Митын Дадамæ.

Бӕллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бæллицты фонтан: хæрзгæнæг балхæндзæн 93 сабийæн ногазон лæвæрттæ

"Ацы аз мæ проект рæстæгмæ радтон. Ӕххæст æй кæндзысты паддзахадон телеуынынады амонджытæ Сабанты Мæдинæ æмæ Асаты Ванда, уыдзæн дзы цыдæр ивындзинæдтæ. Ивгъуыд аз "Бæллицты фонтан"-ы фæлгæтты сæ ногазон бæллицтæ сæххæст сты 305 сабийæн, азы размæ сæ нымæц уыд 280. Акцийы бахаудтой Цхинвалы æмæ Дзауы скъола-интернатты ахуырдзаутæ, Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ, стæй ма горæт Къуаисайы æххуысхъуаг бинонты зæнæг", - загъта проекты автор Хъуылымбегты Елена.

Ног хабӕртты лентӕ
0