Хуссар Иры тӕрхондоны приставтӕ расгуыхтысты ӕмбуар хӕстӕй

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры тӕрхондоны приставтӕ расгуыхтысты ӕмбуар хӕстӕй
Хуссар Иры тӕрхондоны приставтӕ расгуыхтысты ӕмбуар хӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсментӕ Хуссар Ирыстонӕй, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой Юстицийы министрады кад, фыццаг хатт хайад райстой ӕрвылазон Спартакиадӕйы Дзӕуджыхъӕуы

ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссарирыстойнаг ӕмбуар хӕцджытӕ ссисты Тӕрхондоны приставты федералон службӕйы хайады XI ӕрвылазон Спартакиадӕйы призертӕ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады пресс-секретарь Гӕззаты Елена.

© Пресс-служба Минюста РЮОТӕрхондоны приставты федералон службӕйы хайады XI Спартакиадӕйы призертӕ
Хуссар Иры тӕрхондоны приставтӕ расгуыхтысты ӕмбуар хӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тӕрхондоны приставты федералон службӕйы хайады XI Спартакиадӕйы призертӕ

Уый банысан кодта, Цӕгат Ирыстоны фыццаг сӕйраг тӕрхондоны пристав Темираты Алексейы номыл ерыстӕ ацыдысты Дзӕуджыхъӕуы стадион "Динамо"-йы.

"Спортсменты командӕ, кӕцы хъахъхъӕдта тӕрхондоны приставты службӕйы кад, бацахста ӕртыккаг бынат комплексон ерысты. Спартакиадӕйы хайад истой тыхон ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг структурӕты командӕтӕ. Ацы аз Спартакиадӕйы фыццаг хатт хайад райстой Хуссар Ирыстоны спортсментӕ", - загъта Гӕззаты Елена.

Уый бафтыдта, фондз адӕймагӕй командӕ ӕххӕст скондӕй нӕ архайдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хайад нӕ райста ерысты алкӕцы этапы.

© Пресс-служба Минюста РЮОТӕрхондоны приставты федералон службӕйы хайады XI Спартакиадӕйы призертӕ
Тӕрхондоны приставты федералон службӕйы хайады XI Спартакиадӕйы призертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Тӕрхондоны приставты федералон службӕйы хайады XI Спартакиадӕйы призертӕ
© Пресс-служба Минюста РЮОТӕрхондоны приставты федералон службӕйы хайады XI Спартакиадӕйы призертӕ
Тӕрхондоны приставты федералон службӕйы хайады XI Спартакиадӕйы призертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

"Уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, спортсментӕ ӕрыздӕхтысты кубок, диплом ӕмӕ зынаргъ лӕвӕрттимӕ. Министр Лалыты Зӕлинӕ фембӕлд спортсментимӕ ӕмӕ сын загъта бузныг, афтӕ ма радта алкӕмӕндӕр ӕвзист коллекцион згъӕрӕхцатӕ. Министр равдыста ныфс, фидӕны Спартакиадӕмӕ Юстицийы министрады командӕ хуыздӕр кӕй бацӕттӕ кӕндзӕн ӕмӕ ралӕудзӕн ӕххӕст сконды", - загъта пресс-секретарь.

Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны командӕ райста сӕрмагонд лӕвар Уӕрӕсейы президенты ӕххӕстбарджын минӕвары хӕдивӕг Сыбыры Федералон зылды фӕдыл Гобеты Ибрагимӕй.

Спартакиада уагъд цӕуы спорты службӕйон хуызты райрӕзт ӕмӕ ӕнӕниз царды популяризацийы нысаниуӕгӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0