Сирийы сфидар кодтой Хуссар Иримӕ бадзырд базарадон хӕдзӕрттӕ бакӕныны фӕдыл

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ир ӕмӕ Сирийы тырысатӕ
Хуссар Ир ӕмӕ Сирийы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сири бафыстой бадзырд базарадон хӕдзӕрттӕ бакӕныны фӕдыл дыууӕ бӕстӕйы территорийыл ацы аз августы

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. Сирийы Адӕмон совет сфидар кодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сириаг Арабаг Республикӕйы (САР) хсӕн бадзырд иумӕйаг базарадон хӕдзар саразыны фӕдыл, хъусын кӕны РИА Новости.

"Бадзырдмӕ гӕсгӕ, сириаг базарадон хӕдзар бакӕндзысты Хуссар Ирыстоны, ирон базарадон хӕдзар та Сирийы, цӕмӕй дыууӕ республикӕйӕн уа платформӕ сӕ продукцийы реализацийӕн. Афтӕ ма уыдзӕн фадат иудадзыг аразын бадзырдтӕ", - фехъусын кодта САР экономикӕ ӕмӕ ӕддагон базары министр Мохаммад Самер йӕ ралӕуды сириаг парламенты.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сири бафыстой бадзырд базарадон хӕдзӕрттӕ бакӕныны фӕдыл дыууӕ бӕстӕйы территорийыл 31 августы. Документ бафыстой хуссарирыстойнаг делегацийы официалон балцы рӕстӕджы сириаг столицӕ Дамаскмӕ ӕхсӕнадӕмон экономикон армукъайы фӕлгӕтты.

Сири банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад 2018 азы майы. Сирийы кусӕгон балцы уыд президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ ӕмӕ бафыстой цалдӕр бадзырды. Ацы аз майы та бӕстӕты хсӕн бафыстӕуыд бадзырд дыууӕ республикӕйы территоритыл базарадон хӕдзӕртты баконды фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0