Гуырдзиаг-ирон хæсты хъайтары 11 азы фæстæ схорзæхджын кодтой Цхинвалы

© AP Photo / Darko BandicТасболат Ибрашев 2008 азы августы
Тасболат Ибрашев 2008 азы августы  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тасболат Ибрашев республикæмæ æрцыд Sputnik Хуссар Ирыстоны фæхуындæй. Агентады пресс-центры хъайтары схорзæхджын кодта республикæйы хицауады сæрдар

ЦХИНВАЛ, 16 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хæсты иууыл зындгонддæр къамтæй иуы хъайтар Тасболат Ибрашевæн радтой республикæйы паддзахадон хорзæх.

Къуырисæры Тасболат æрцыд Цхинвалмæ информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны фæхуындæй. Уый федта Хуссар Ирыстоны хæстæй иуæндæс азы фæстæ. Уæрзонд хорзæх агентады пресс-центры хъайтарæн радта РХИ хицауады сæрдар Пухаты Эрик.

Тасболат Ибрашев - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Уыд иттæг хорз хæлар": Тасболат Ибрашев Цхинвалы фæмардуæвæг æмбалы тыххæй

"Майдан "Хуссар Ирыстоны сабырад бахъахъхъæныны тыххæй" Ибрашевн радтой 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы равдисгæ хъайдардзинад æмæ удуæлдайдзинады фæдыл. Сæрмагонд барамынд бафыста республикæйы президент Бибылты Анатолий.

Боны сæйраг хъайтар хорзæх райста цæстысыгимæ. Уый банысан кодта, йæ царды ахæм хабар фыццаг хатт кæй у.

2008 азы хæсты фæстæ æнæхъæн дунейы апарахат къам, цы ран уæрæсейаг æфсæддон пулеметимæ æрлæууыд гуырдзиаг æфсады колоннæйы раз. Фæсарæйнаг журналиссты дисы бафтыдта лæппуйы хъæбатырдзинад, ныммыхуыр кодтой уац ахæм номимæ: "Уырысы 300 дæр нæ хъæуы, иу дæр сæ фаг у". Бирæ рæстæг нымад цыд, зæгъгæ, къамыл кæй ис Бато Дашидоршиев, кæцы фæмард цалдæр боны фæстæ. Фæлæ æрæджы рабæрæг ис къамы æцæг хицау - Астраханы цæрæг Тасболат Ибрашев.

Ног хабӕртты лентӕ
0