Хуссар Иры ленк кӕныны федерацийы президенты схорзӕхджын кодтой МХМ грамотӕйӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЕвгения Терлеева
Евгения Терлеева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны командӕ ленк кӕнынӕй ӕнтыстджын архайд скодта ерысты Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ рамбылдта 155 майданы иумӕйаг хыгъды

ЦХИНВАЛ, 17 дек - Sputnik. Мидхъуыддӕгты министр, милицийы инӕлар-майор Наниты Игорь схорзӕхджын кодта МХМ кады грамотӕйӕ республикӕйы ленк кӕныны федерацийы сӕргълӕууӕг Евгения Терлеевайы.

Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй министр банысан кодта бӕрзонд спортивон фӕстиуджытӕ ӕмӕ Терлеевайы стыр сӕрмагонд хайбавӕрд республикӕйы спорты райрӕзтмӕ.

"Ды дӕ бӕрнон ӕмӕ фӕлтӕрд ахуыргӕнӕг, Дӕ архайды руаджы нӕ сывӕллӕттӕн ис ӕнтыстытӕ спорты", - загъта Наниты Игорь.
© МВД РЮОХуссар Иры ленк кӕныны федерацийы президенты схорзӕхджын кодтой МХМ кады грамотӕйӕ
Хуссар Иры ленк кӕныны федерацийы президенты схорзӕхджын кодтой МХМ грамотӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ленк кӕныны федерацийы президенты схорзӕхджын кодтой МХМ кады грамотӕйӕ

Евгения Терлеева загъта бузныг МХМ сӕргълӕууӕгӕн хъусдарды тыххӕй ӕмӕ банысан кодта милицийы кусджыты ӕххуыс спортивон мадзӕлттӕ ауадзыны.

Хуссар Ирыстоны командӕ ленк кӕнынӕй хайад исы ерысты Новогодние старты, кӕцытӕ уагъд цӕуынц Кропоткины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ иу ӕвзист майдан ерысты

"Нӕ спортивон мадзӕлттӕм фӕсарӕнтӕй командӕтӕ куы ӕрцӕуынц, уӕд фӕзыны ӕдасдзинады фарст. Ӕмӕ алыхатт дӕр ӕз ныфс дӕттын ӕндӕр командӕты тренертӕн, Республикӕ Хуссар Ирыстоны кӕй у ӕдас", - загъта Терлеева.

Афтӕ ма уый бахахх кодта, республикӕйӕн кӕй ис стыр потенциал спорты. Федерацийы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, спортӕй архайгӕйӕ сывӕллӕттӕ фӕивынц хуыздӕрырдӕм.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны командӕ ленк кӕнынӕй ӕнтыстджын архайд скодта Цӕгат Ирыстоны чемпионат ӕмӕ фыццагады. Ерыстӕ цыдысты ӕртӕ боны – хуссарирыстойнаг командӕ рамбылдта 155 майданы иумӕйаг хыгъды.

Ног хабӕртты лентӕ
0