Президент Гуырдзыимӕ арӕны тыххӕй: Хуссар Иры ӕмбӕстӕгтӕ сты хъахъхъӕд

© Sputnik / Михаил ХасиевЦънелис
Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕныл кризисон уавӕр республикӕйы къухдариуӕгад хъавы аиуварс кӕнын политикон фадӕттӕй, загъта президент журналисттӕн

ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад араздзӕн ӕппӕт дӕр, цӕмӕй йе 'мбӕстӕгтӕ уой хъахъхъӕд, фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий Знауыры районы Уисты хъӕуы уавӕрӕн комментаритӕ аразгӕйӕ, цы ран сӕрдӕй фӕстӕмӕ ис ӕндыгъд уавӕр гуырдзиаг блокпост сӕвӕрыны фӕдыл.

Гуырдзиаг полици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзыстон фидар кӕны йӕ блокпост Хуссар Иры ӕмӕ ӕвӕры йӕ алыварс снайперты – ПӔК

"Уисты хъӕуы цӕрджытӕ сты хъахъхъӕд, уавӕр та мах фӕнд кӕнӕм аскъуыддзаг кӕнын политикон фадӕттӕй. Абоны бон гуырдзиаг ӕфсӕддонтӕ ницы тӕссаг сты Хуссар Ирыстонӕн", - загъта президент йӕ пресс-конференцийы Цхинвалы.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, "гуырдзийаг полицийы кусджытӕ Хуссар Иры территорийыл ӕнӕзакононӕй кӕй сӕвӕрдтой сӕ пост, уый алчидӕр зоны".

Гуырдзыстоны МХМ августы кӕрӕтты бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд. Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы бирӕ хӕттыты ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост, фӕлӕ уавӕр нӕ фӕивта. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0