Хуссар Иры МХМ кусджытӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры МХМ кусджытӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ
Хуссар Иры МХМ кусджытӕн радтой паддзахадон хорзӕхтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хорзӕхтӕ райстой уагдоны иууыл хуыздӕр кусджытӕ, кӕцыты не схорзӕхджын кодтой Милицийы бон 10 ноябры

ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕг Наниты Игорь радта паддзахадон хорзӕхтӕ уагдоны кӕцыдӕр кусджытӕн.

"Мидхъуыддӕгты министрады ацыд уагдоны кусджыты хорзӕхкӕныны бӕрӕгбонон церемони. Паддзахадон хорзӕхтӕ радтой республикӕйы территорийыл барадон фӕтк ӕмӕ законад бахъахъхъӕныны тыххӕй ӕмӕ Барадхъахъхъӕнӕг органты кусӕджы боны цытӕн", - фехъусын кодта МХМ пресс-службӕйы хистӕр Бестауты Вида.

Хорзӕхкӕныны церемонийы рӕстӕджы МХМ сӕргълӕууӕг банысан кодта, милицийы сӕйраг бӕрӕгбоны (10 ноябры) алкӕцы кусӕджы дӕр не схорзӕхджын кодтой, уый фӕдыл барадхъахъхъӕнджытӕ сгуыхт хорзӕхтӕ райстой цыппӕрӕмы.

Афтӕ ма Наниты Игорь раарфӕ кодта кусджытӕн ӕрбалӕугӕ Ног азы цытӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта ӕнтыстытӕ оперативон-службӕйон архайды.

Ног хабӕртты лентӕ
0