Хуссар Иры тыхджындӕр ленкгӕнджытӕ стох кодтой республикӕйы чемпионаты

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры тыхджындӕр ленкгӕнджытӕ ралӕууыдысты республикӕйы чемпионаты
Хуссар Иры тыхджындӕр ленкгӕнджытӕ ралӕууыдысты республикӕйы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсменты фылдӕр хай фӕхуыздӕр кодтой сӕ хисӕрмагонд рекордтӕ, бирӕтӕ хӕстӕг уыдысты фыццаг рӕнхъы норматив сӕххӕст кӕнынмӕ

ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы спорты галуан "Олимп"-ы ифгъуыд улӕфт бонты рабӕрӕг кодтой республикӕйы иууыл хуыздӕр ленкгӕнджыты. 130 спортсменӕй фылдӕр хайад райстой майдантыл тохы 36 дистанцийы, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

"Чемпионаты хайад райстой спортсментӕ, кӕцытӕн ис ерысты фӕлтӕрддзинад. Уыдоны фылдӕр хай фӕхуыздӕр кодтой сӕ хисӕрмагонд рекордтӕ, 10 спортсменӕй фылдӕр хӕстӕг уыдысты фыццаг рӕнхъы норматив сӕххӕст кӕнынмӕ", - банысан кодта РХИ Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева.

Чемпионаты фыццаг бон кады пьедесталы фыццаг къӕпхӕнмӕ схызтысты Гуыбаты Мария, Чиаты Михаил, Тыджыты Диана, Хетӕгкаты Инал, Бежанты Кристина, Джабиты Анастасия, Джуссойты Олег, Бикъоты Анастасия, Зӕгъойты Артур, Остъаты Алана ӕмӕ Тедеты Ирма.

Ерысты дыккаг бон Хуссар Ирыстоны чемпионтӕ ссисты ленкгӕнджытӕ Дзӕгъиаты Николай, Ӕрсойты Анастасия, Хетӕгкаты Инал, Гуыбаты Мария, Тыджыты Диана, Чиаты Михаил, Тедеты Сабина, Къӕбулты Инал, Тедеты Ирма, Андрей Акопов, Алиса Жаркова, Бежанты Кристина ӕмӕ Джуссойты Олег.

Ног хабӕртты лентӕ
0