Хуссар Иры депутаттӕ домынц "Мегафон"-ӕй ног тарифтӕ сабитӕ ӕмӕ зӕрӕдтӕн

© Sputnik / Наталья Айриян "Мегафон"-ы ног тарифты презентаци
 Мегафон-ы ног тарифты презентаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мобилон бастдзинадӕй пайдагӕнджытӕй бирӕты нӕ хъӕуы интернет-лӕггӕдты пакет, банысан кодтой парламентарийтӕ

ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламентарийтӕ ногӕй равдыстой се 'нӕразыдзинад компани Остелекомы (Мегафон - Хуссар Ирыстон) политикӕйӕ ӕмӕ банысан кодтой, Ног азы фӕстӕ кӕй фӕхондзысты иунӕг чырон операторы минӕвӕртты актуалон фарстытӕ аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй.

Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕсгомджын куысты тыххӕй: компани "Остелеком"-ы кусджытӕ райстой паддзахадон хорзӕхтӕ

Парламенты пресс-службӕ куыд нысан кӕны, афтӕмӕй мобилон лӕггӕдты фарст цыппӕрӕмы сессийы рабадтмӕ рахаста депутат Чилӕхсаты Владимир, кӕцы ӕнхъары ӕрдомын компанийӕ сног кӕнын 100 ӕмӕ 150 сомы аргъ фидӕн карточкаты рауагъд. Уый банысан кодта, операторы ӕнӕхъола скъуыддзӕгтӕм кӕй мӕсты кӕнынц цӕрджытӕ.

Парламенты спикер Тадтаты Алан бахӕс кодта профилон комитеты сӕрдар Ӕлборты Аланӕн ауадзын рауӕрӕхгонд рабадт ӕмӕ фӕхонын компани Мегафон - Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнджыты. Ӕлборты Алан банысан кодта, организацийы кухдариуӕгадмӕ бирӕ хӕттыты кӕй арвыстой фыстӕджытӕ, фӕлӕ сын дзуапдӕттӕг нӕй.

"Ныртӕккӕ цӕттӕ кӕнӕм сӕрмагонд ӕрсидт ацы фарсты фӕдыл. Курӕм сӕ, цӕмӕй саразой сӕрмагонд тарифтӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕ адӕмӕн - цӕмӕн хъуамӕ фидой уыдон интернетӕн, кӕд ӕмӕ дзы нӕ пайда кӕнынц? Ног азы фӕстӕ та сӕ фӕхондзыстӕм ӕмӕ сӕм ратдзыстӕм нӕ фарстытӕ", - загъта депутат.

Хуссар Ирыстоны парламенты дыккаг сесси йӕ куыст балхынцъ кодта ацы аз цыппӕрӕмы, 26 декабры рабадты фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0