Медойты Дмитрий: Америкӕйы архӕйдтытӕ гӕнӕн ис саразой ӕндыгъд уавӕр ӕппӕт Кавказы

© Sputnik / Наталья АйриянМедойты Дмитрий
Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр банысан кодта, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ гӕнӕн ис саразой плацдарм Гуырдзыстоны территорийӕ Ираны ныхмӕ тохы

ЦХИНВАЛ, 9 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг радзырдта Sputnik тӕссагдзинады тыххӕй, америкӕйӕгтӕ ракетон атакӕйы рӕстӕджы ирайнаг инӕлар Касем Сулейманийы куы амардтой, уый фӕстӕ.

Ираны ӕрхаудта украинаг пассажирон хӕдтӕхӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ираны ӕрхауд украинӕйаг пассажирон хӕдтӕхӕг

"Хуссар Ирыстоны сӕ цӕст дарынц ӕндыгъд уавӕры райрӕзтмӕ зындгонд ирайнаг инӕлар Сулейманийы амарды фӕстӕ. Кӕд ӕмӕ АИШ саразой плацдарм Гуырдзыстоны территорийӕ Ираны ныхмӕ тохы, уӕд ӕндыгъд уавӕр ӕппӕт Кавказы уайтагъд фӕтыхджындӕр уыдзӕн", - банысан кодта министр.

Медойты Дмитрий бафтыдта, зӕгъгӕ, Кавказ хъуамӕ хайад ма иса дунейон паддзахӕдты тохы хӕстӕг регионы.

Пысылмон дины революцийы хъахъхъӕнджыты корпусы сӕрмагонд дӕлхайад "Кудс"-ы разамонӕг Касем Сулейманийы амардтой 2 январы. Йемӕ амардысты ноджы дӕс адӕймаджы, сӕ нымӕцы Иракы шиитты хӕдӕфсады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Абу Махди аль-Мухандис. Уый фӕстӕ, 8 январы, Иран сӕххӕст кодта ракетон атакӕ Иракы базӕтыл, цы ран сты АИШ ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон коалицийы ӕфсӕддонтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0