Хуссар Иры "Афӕдзы ӕвзонг адӕм" суыдзысты 18 адӕймаджы

© Sputnik / Наталья АйриянПреми "Афӕдзы ӕвзонг адӕймӕгтӕ"
Преми Афӕдзы ӕвзонг адӕймӕгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет Россотрудничествойы ӕххуысӕй ногӕй сбӕрӕг кӕндзӕн афӕдзы хуыздӕр ӕвзонг адӕмы

ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Фӕсивӕды хуыздӕр минӕвӕрттӕн, кӕцытӕ бахастой хайбавӕрд Хуссар Ирыстоны райрӕзтмӕ, премитӕ раттыны церемони ацӕудзӕн 18 январы 18:00 сахатыл ПККЗ "Чермен"-ы, фехъусын кодта журнилисттӕн РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гатыгкоты Валентина.

Преми Афӕдзы ӕвзонг адӕймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ногӕй равзардзысты "Афӕдзы ӕвзонг адӕймаджы"

Ӕрвылазон мадзал хъуамӕ ауагътаиккой ивгъуыд азы декабры, фӕлӕ йӕ аргъӕвтой ӕртӕ ӕвзонг лӕппуйы трагикон мӕлӕты тыххӕй.

Гатыгкоты Валентина банысан кодта, ацы аз номинацитӕ кӕй хицӕн кӕндзысты - кӕд раздӕр комитет ӕрмӕстдӕр нысан кодта номинациты ӕмӕ хуыздӕр ӕвзонг кусджыты та ӕвзӕрстой уагдӕттӕ сӕхӕдӕг, уӕд ныр та уыдзӕн ӕндӕргъуызон.

"Мах нӕхӕдӕг равзардзыстӕм хуыздӕр специалистты, кӕцытӕн азы дӕргъы бантыст стыр ӕнтыстытӕ. Фарон январӕй фӕстӕмӕ ма фиксаци кӕнӕм ӕвзонг адӕмы ӕнтыстытӕ. Фӕлӕ сс ахӕм сферӕтӕ дӕр, кӕцыты махӕн нӕ бон нӕу равзарын, зӕгъӕм, дзулфыцджыты. Ахӕм уагдӕттӕм мах арвыстам фыстӕджытӕ, цӕмӕй нӕм бавдисой кандидатурӕтӕ" - радзырдта уый.

Уымӕй дарддӕр ма ацы аз уыдзӕн 18 номинацийы, форон уыдон уыдысты 19. Комитеты минӕвар ма бахахх кодта, номинациты фылдӕр хай кӕй сты ног, уыдон аххӕсдзысты алы къабӕзтыл дӕр.

Преми "Афӕдзы ӕвзонг адӕймӕгтӕ" лӕвӕрд цӕуы Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты хъӕппӕрисӕй, Россотрудничество ӕмӕ Sputnik Хуссар Ирыстоны ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0