Хуссар Иры хӕстон архӕйдтыты ветерантӕн дӕттынц гуманитарон ӕххуыс

© Sputnik / Наталья АйриянПлиты Мӕдинӕ
Плиты Мӕдинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуманитарон ӕххуыс нывонд у ногазон бӕрӕгбонтӕн. Сорганизаци йӕ кодтой республикӕйы президент Бибылты Анатолийы ӕмархайдӕй

ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Иры хӕстон архӕйдтыты 200 ветеранӕй фылдӕр райсдзысты гуманитарон ӕххуыс – сӕкӕр, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы фӕцӕвуӕвджытӕн ӕххуысы фонды сӕрдар Плиты Мӕдинӕ.

Уый банысан кодта, акци кӕй сорганизаци кодтой президент Бибылты Анатолийы ӕмархайдӕй.

"Нӕ фонд организаци кӕны ӕххуыс, афтӕ ма ӕрвиты хӕстон архӕйдтыты фӕцӕвуӕвджыты санаторон-курортон хоскӕнынымӕ. Ветеранты арӕх фӕхъӕуы дохтырты ӕххуыс", - радзырдта Плиты Мӕдинӕ.

Сӕкӕрӕй дарддӕр ветерантӕ ногазон бӕрӕгбонтӕм райсдзысты адджинӕгтӕ Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат Чехойты Ольгайӕ.

Плиты Мæдинæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Радтой се ‘нӕниздзинад сӕрибардзинадӕн. Плиты Мæдинæ Хуссар Иры фӕцӕфуӕвджыты фонды тыххӕй

Фонды хайадисджытӕ уадзынц куыст рӕзгӕ фӕлтӕримӕ дӕр.

"Ацы аз сӕдӕ азы ӕххӕст кӕны ирон адӕмы геноцидыл. Ахӕм цаутӕ мах хъуамӕ ма рох кӕнӕм, ацы здӕхты мах фӕнды кусын сывӕллӕттимӕ", - банысан кодта Плиты Мӕдинӕ.

1989-2008 ӕзты дӕргъы Хуссар Иры территорийыл хӕстон архайдтыты фӕстиуӕгӕн фӕцӕфуӕвджыты ӕмӕ инвалидты фонд кусы 2005 азӕй фӕстӕмӕ. Уӕд фонд уыд комитет "Мысӕн"-ы сконды. 2008 азы августы хӕсты фӕстӕ инвалидты нымӕц фӕфылдӕр, ӕмӕ уый фӕдыл сарӕзтой сӕхи организаци 2009 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0