Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг сарæзта йæ кусджытимæ 8-километрон марш-бросок

© МВД РЮОХуссар Иры МХМ дӕлхайӕдты марш-бросок
Хуссар Иры МХМ дӕлхайӕдты марш-бросок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕстон экипировкӕйы марш-бросоктӕ сӕххӕст кодтой милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд ӕмӕ ӕндӕр дӕлхайӕдтӕ. Уагдоны банысан кодтой, кусджытӕн афтӕмӕй кӕй сгарынц сӕ физикон цӕттӕдзинад

ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) хицӕн нысаниуӕджы къорды кусджытӕ сӕххӕст кодтой 8-километрон марш-бросок Зонкъар-Дменис маршрутыл. Къордимӕ дистанци иууылдӕр басаста уагдоны сӕргълӕууӕг Наниты Игорь дӕр, хъусын кӕны дыццӕджы МХМ пресс-службӕйы хистӕр Бестауты Вида.

"Мидхъуыддӕгты министрады хицӕн нысаниуӕджы къорды кусджытӕ иууылдӕр уыдысты хӕстон экипировкӕйы ӕмӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст кодтой. Сӕ физикон цӕттӕдзинадӕй кусджытӕ равдыстой, цӕттӕ кӕй сты оперативон-службӕйон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ", - банысан кодта Бестауты Вида.
© МВД РЮОХуссар Иры МХМ дӕлхайӕдты марш-бросок
Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг сарæзта йæ кусджытимæ 8-километрон марш-бросок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ дӕлхайӕдты марш-бросок

Марш-бросоктӕ сӕххӕст кодтой МХМ ӕндӕр дӕлхайӕдтӕ дӕр. Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады 90 кусӕгӕй фылдӕр сӕххӕст кодтой 6-километрон марш-бросок Къусреты хъӕумӕ, Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) кусджытӕ та экипировкӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ басастой 10-километрон дистанци Хеиты хъӕумӕ. Афтӕ ма Ленингоры районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ сӕххӕст кодтой 6-километрон марш-бросок Ленингор-Канчавет маршрутыл.

© МВД РЮОХуссар Иры МХМ дӕлхайӕдты марш-бросок
Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг сарæзта йæ кусджытимæ 8-километрон марш-бросок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ дӕлхайӕдты марш-бросок

Марш-бросокы хайадисджытӕ иууылдӕр бахӕццӕ сты финишмӕ нысангонд ӕмгъуыдмӕ, банысан кодтой МХМ.

"Мидхъуыддӕгты министрады сӕрмагонд хайӕдтӕ ӕмӕ дӕлхайӕдты разамонджытӕ басгӕрстой кусджыты хӕстон ӕмӕ мобилизацион цӕттӕдзинад, афтӕ ма хицӕнӕй басгӕрстой радгӕсон къордты цӕттӕдзинад бабырсты рӕстӕджы. Афтӕ ма кусджытӕ сӕххӕст кодтой марш-бросоктӕ хӕстон экипировкӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтимӕ", - радзырдтой уагдоны.

МХМ дӕлхайӕдтӕ иудадзыг ӕххӕст кӕнынц марш-бросоктӕ, цӕмӕй басгарой кусджыты физикон цӕттӕдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0