Прокуратурæ басгæрста Присы зæххыты арендæйы закондзинад

© Sputnik / Наталья АйриянПрис
Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Басгæрст ауадзыны тыххæй прокуратурæмæ бахатыдысты Присы хъæуы цæрджытæ, кæцытæ дæр ныффыстой куырдиæттæ зæхх арендæйы райсыны тыххæй, фæлæ разыйы дзуапп нæ райстой

ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik. Присы хъæуы цæрджытæ бахастой коллективон куырдиат Цхинвалы районы прокуратурæмæ, цыран бахатыдысты басгарын арендæйы зæххытæ дæттыны хъуыддаг. Уый тыххæй хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Цæрджыты куырдиаты дзырдæуы, зæгъгæ, Цхинвалы районы администраци æмæ Присы хъæуы хицау фæстаг æзты зæххытæ арендæйы дæттой Цхинвалы цæрджытæн, уыцы иу рæстæджы Присы хъæуы цæрджытæн та зæхх нæ рахицæн кæнынц.

"Прокуророн басгæрсты рæстæджы рабæрæг, Цхинвалы районы администрацийы хъæууонхæдзарадон управлени æмбæлон куыст кæй нæ кæны арендатортимæ, кæцытæ бирæ рæстæг нæ кусынц сæ зæххытæ, науæд та сæ пайда кæнынц æндæр нысæнтты", - банысан кодтой прокуратурæйы пресс-службæйы.

Басгæрсты фæстиуджытæм гæсгæ прокурор рахаста уынаффæ, цæмæй законхалæн цаутæ æмæ иуварс æрцæуой, афтæ ма æдзæсгом арендатортимæ бадзырдтæ фехалын дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0