Хуссар Иры стыр аргъ кӕнынц Лавровы хайбавӕрдӕн бӕстӕйы историмӕ - Медойты Дмитрий

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров ӕмӕ Медойты Дмитрийы фембӕлд
Сергей Лавров ӕмӕ Медойты Дмитрийы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы ӕддагполитикон уагдоны сӕргъ ногӕй слӕууыд Сергей Лавров. Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта йӕ коллегӕйӕн

ЦХИНВАЛ, 23 янв - Sputnik. Уӕрӕейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрӕй ногӕй Сергей Лавровы кӕй сӕвӕрдтой, уый дзурӕг у, бӕстӕйы къухдариуӕгад кӕронмӕ кӕй ӕууӕнды политикыл ӕмӕ стыр аргъ кӕй кӕны йӕ профессионалон архайдӕн. Уый тыххӕй дзырдӕуы Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрийы арфӕйы телы Лавровы адресыл, хъусын кӕны дипуагдоны пресс-службӕ.

Президент Владимир Путин ауагъта фембæлд ног хицауады уæнгтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæбæрæг сты Уæрæсейы хицауады ног уæнгтæ
"Зынаргъ Сергей Викторы фырт, Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кӕнынц дӕ хайбавӕрдӕн республикӕйы ног историмӕ, бузныг дӕ сты дӕ ахасты тыхӕй ӕмӕ нӕ бӕстӕты хсӕн ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл куыстыт тыххӕй", - банысан кодта Медойты Дмитрий.

Уый равдыста ныфс, Лавровы хайадистӕй дыууӕ бӕстӕйы ӕддагполитикон уагдӕтты ӕмгуыстад кӕй кӕндзӕн арфӕй арфдӕр.

Уæрæсейы президент Владимир Путин бафыста барамындтӕ хицауады ног уӕнгтӕ сфидар кӕныны фӕды. 

Михаил Мишустины бæстæйы хицауады сæрдарæй снысан кæныны фæдыл. Раздӕры хицауад Дмитрий Медведевы сӕргълӕудӕй   15 январы æппæт скондæй ацыд отставкæйы. Цалдӕр министры бахъахъхъӕдтой сӕ бынӕттӕ ног хицауады, се 'хсӕн Сергей Лавров дӕр.

69-аздзыд Сергей Лавров УФ ФХМ сӕргъ слӕууыд 2004 азы ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ у ӕнӕраивгӕ министр.

Ног хабӕртты лентӕ
0