Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта Ленингоры районы пенсионерты Гуырдзымӕ ахизыны фӕтк

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ПӔК фехъусын кодта Ленингоры районы пенсионерты Гуырдзымӕ ахизыны фӕтк
Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта Ленингоры районы пенсионерты Гуырдзымӕ ахизыны фӕтк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацӕуыны бар ис 24 январӕй 6 февральмӕ. Арӕны баконды радон датӕтӕ комитет хъусын кӕндзӕн развӕлгъау районы разамынады ууылты

ЦХИНВАЛ, 31 янв - Sputnik. Ленингоры районы цӕрджытӕ, кӕцытӕн нӕй уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг ӕмбӕстагад, сӕ бон уыдзӕн ацӕуын Гуырдзыстонмӕ 6 февралы онг сӕ пенситӕ райсынмӕ, хъусын кӕны ХИ ПӔК пресс-службӕ.

Уымӕй размӕ Хуссар Ирыстоны Ӕдасдзинады совет бар радта Ленингоры районы цӕрджытӕн, кӕцытӕн ис бар фӕхуымӕтӕгдӕргонд режиммӕ гӕсгӕ хизын арӕны сӕртыл - исынц Гуырдзыстоны пенси, науӕд сӕ хӕуы цӕуын хоскнынмӕ, иу хатт дыууӕ мӕйы мидӕг ахизын Гуырдзыстонмӕ уадзӕн пункт "Раздахӕн"-ы ууылты.

"Ленингоры районы цӕрджытӕй уӕлдӕр банысангонд категорийӕн ацӕуыны бар ис 24 январӕй 6 февральмӕ. Уадзӕн пункт "Раздахӕн" кусдзӕн райсом 8.00 сахатӕй 11.00 онг Гуырдзыстоны рдӕм, 17.00 сахатӕй 20.00 онг та уаддзысты Хуссар Иры территоримӕ мидӕмӕ" , - дзырдӕуы хъусинаджы.

Арӕны баконды радон датӕтӕ комитет хъусын кӕндзӕн развӕлгъау районы разамынады ууылты, бафтыдтой уагдоны.

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн арнӕны сӕртыл уадзӕн пункттӕ "Раздахӕн" ӕмӕ "Синагур" сӕхгӕдтой 4 сентябрӕй сӕрмагонд барамындмӕ, йӕ аххос уыд гуырдзыстоны фарсы провокацитӕй хи бахизын ӕмӕ арӕны ӕдасдзинад бахъахъхъӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0