Гасситы Петр: хосты цухдзинады проблемӕйы иу хай скъуыддзаг æрцыд

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Петр
Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламентарий ӕрсидт банхъӕлмӕ кӕсын дефициты аххосаг рабӕрæг кӕныны оххыл сгарæн куыстыты хатдзӕгтӕм ӕмӕ ӕнӕбындуронӕй цъыф ма калын ӕмӕ азымджытӕ ма агурын

ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik, Козаты Диана. Парламенты фыццаг вице-спикер Гасситы Петр загъта, ӕрӕджы парламенты депутатты бацыд республикон рынчындонмӕ кæй нӕ баззад ӕнӕфӕстиуӕгджын ӕмӕ медикаментты цухдзинады фарсты иу хай æрцыд скъуыддзаг.

Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ бирӕ рӕстӕг хъаст кодтой рынчындоны хуымӕтӕг хосты цухдзинадӕй. Парламентарийты къорд бабӕрӕг кодта рынчындон, цӕмӕй бынаты феной уавӕр. Уый фӕстӕ президент Бибылты Анатолий бахӕс кодта Генпрокуратурӕйӕн басгарын уавӕр.

"Ӕцӕгдӕр, хостӕ фӕзындысты. Ӕвӕццӕгӕн, ӕппӕт нӕ, фӕлӕ сӕ ахадгӕ гуырахст. Аххосӕгтӕн анализ нӕ кӕндзӕн, фӕлӕ мын ӕхсызгон у, нӕ бацыд ӕнӕхъуаджы кӕй нӕ фӕцис ӕмӕ хостӕ кæй фӕзындысты. Уый фӕстӕ президент радта хӕслӕвӕрд генпрокурорӕн басгарын уавӕр", - загъта Гасситы Петр.

Уый ма хъусдард аздӕхта, социалон хызӕджы фылдӕр хатт ацы уавӕры кæй азымджын кӕнынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгийы. Вице-спикер ӕрсидт развӕлгъау хатдзæгтӕ ма аразынмæ.

"Развлгъау хатдзӕгтӕ аразын нӕ хъӕуы, нырма нӕй генералон прокуратурӕйы скъуыддзаг ӕмӕ парламентон къамисы хатдзӕг, уымӕ гӕсгӕ азымджынтӕ нысан кӕнын нӕ хъӕуы",- банысан кодта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0