ХИПУ-йы дуэт ныффысдзæн альбом Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Наталья АйриянХИПУ-йы дуэт ныффысдзæн альбом Дзæуджыхъæуы
ХИПУ-йы дуэт ныффысдзæн альбом Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъодалаты Мария æмæ Джиоты Любайы дуэты альбом бацæттæ кæндзæн зындгонд ирон зарæггæнæг Matrang-ы аранжировщик

ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенткæтæ Хъодалаты Мария æмæ Джиоты Любайы дуэты альбом бацæттæ кæндзæн зындгонд ирон зарæггæнæг Matrang-ы аранжировщик. Дыууæ чызджы альбоммæ бацæудзысты 8 зарæджы, уыдонæй дыууæ дуэтæй.

Люба Джиоева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Люба: фæнды мæ равдисын дунейæн ирон эстрадæйы ног верси

Чызджытæ альбом рауадзын сфæнд кодтой ивгъуыд аз, сæ фæндтæ сæххæст сын къуылымпы кодта финансон фарст. Январы кæрон президент Бибылты Анатолий æххуысы ныфс радта.

"Ивгъуыд аз декабры ныффыстон президентмæ, студентты бон æмæ ма мæ райгуырæн бон нæм фæуазæг æмæ ныфс радта альбом ныффысыны хæрдзтæ бамбæрзын. Альбом цæттæ цæудзæн Дзæуджыхъæуы ирон зарæггæнæг Matrang-ы аранжировщикмæ", - радзырдта Джиоты Люба.

Хъодалаты Мария æмæ Джиоты Люба æдæппæт сæххæст кæндзысты аст зарæджы, уыдонæй дыууæ дуэтæй.

Хъодалаты Мария  - Sputnik Хуссар Ирыстон
ВИА "А вдруг": рӕсугъд чызджытӕ, ирон зарджытӕ ӕмӕ фидӕны концерттӕ

"Тынг бирæ хорз æрмæг фыссы Хъодалаты Мария, равзарын дæр уыд зын. Фæйнæ æртæ зарæджы сæххæст кæндзыстæм, уыдонæн сæ фылæр бæрц мадæлон æвзагыл, къорд Би-2-йы стильмæнгæс. Ноджы ма дыууæ зарæг та уыдзысты дуэтæй "Радзур" æмæ "Руки твои", дыккагæн фæнд кæнæм сисын клип дæр", - бафтыдта зарæггæнæг.

Хъодалаты Мария æмæ Джиоты Люба сты ХИПУ студенткæтæ. Мария ныридæгæн равзæрста йæхицæн сфæлдыстадон псевдоним Шанти, фыссы æмдзæвгæтæ æмæ музыкæ. Ивгъуыд аз бацæттæ кодта йæ фыццаг клип зарæг "Ӕз бузныг дæн"-мæ гæсгæ.

Джиоты Любайы ном Ирыстоны дыууæ хайы дæр айхъуыст телеканал "Осетия – Ирыстон"-ы вокалон проекты уæлахизы фæстæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0