УУМ: Транскам сӕхгӕдтой зӕйты ӕрцыдӕй тасы тыххӕй

© Пресс-служба МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры Уӕлвӕткон уавӕрты министрад ӕрӕджы дӕр фӕдзӕхста фӕндаджы сӕхгӕды тыххӕй, боныгъӕд дзы кӕй февзӕрдӕр, уый аххосӕй

ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль ӕхгӕд ӕрцыд транспорты алы хуызтӕн дӕр ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйты ӕрцыдӕй тасы тыххӕй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).

"Тыхджын митуард ӕмӕ зӕйты ӕрцыдӕй тасы тыххӕй 13:00 сахатӕй фӕстӕмӕ Траскам у ӕхгӕд транспорты алы хуызтӕн дӕр. Транскавказаг автомагистралы фӕндагон змӕлдыл тобӕ уыдзӕн сӕрмагонд барамынды онг", - загътой уӕлвӕткон уагдоны.

Транскавказаг автомагистраль цӕуы хӕххон бынӕттыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы бӕтты Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0