УФ хицауад ӕркӕсдзӕн Хуссар Иры МХМ кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фарстмӕ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæУФ хицауад ӕркӕсдзӕн Хуссар Иры МХМ кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фарстмӕ
УФ хицауад ӕркӕсдзӕн Хуссар Иры МХМ кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фарстмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсеимӕ бадзырд адарддӕр кӕныны фӕдыл документ бафыссыны размӕ республикӕйы барадхъахъхъӕнджыты мыздтӕ фӕкъаддӕр уыдзысты 20 проценты

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы хицауад ӕркӕсдзӕн бадзырд адарддӕр кӕныны фарстмӕ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ райста ног хӕдтулгӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ райста дӕсгай хӕдтулгӕтӕ

2017 азӕй фӕстӕмӕ республикӕйы барадхъахъхъӕнджыты мыздтӕ фылдӕр кодтой фӕрӕзты руаджы, кӕцытӕ рахицӕн кодта Уӕрӕсе бадзырдмӕ гӕсгӕ, кӕцы бафыстой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ интаграцийы бадзырды фӕлгӕтты. Бадзырды ӕмгъуыд 2019 азы 31 декабры кӕй фӕцис, уый фӕдыл МХМ кусджытӕн 2020 азы 1 январӕй мызд фидынц ӕнӕ фӕрӕзтӕй, кӕцытӕ рахицӕн кӕны Уӕрӕсе. Афтӕмӕй, январы кусджытӕ райстой мызд 20,5 проценты къаддӕр 2019 азы декабрмӕ абаргӕйӕ.

"Ныртӕккӕ Уӕрӕсейы МХМ-имӕ иумӕ цы документ сарӕзтам Бадзырд адарддӕр кӕныны фӕдыл, уый бавдыстам Уӕрӕсейы Федерацийы хицауадмӕ, цӕмӕй ӕркӕсой йӕ бафыссыны фарстмӕ", - дзырдӕуы МХМ хъусинаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0