Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фондз майданы Дзӕуджыхъӕуы фыццагады

© Комитет по молодёжной политике, спорту и туризму РЮОХуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фондз майданы Дзӕуджыхъӕуы фыццагады
Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фондз майданы Дзӕуджыхъӕуы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны спортсментӕ ӕнтыстджынӕй райдыдтой ног спортивон сезон ӕмӕ рамбылдтой ӕртӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майданы

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Цхинвайлаг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ бацахстой фондз призон бынаты Цӕгат Ирыстоны фыццагады ӕвзӕнгты хсӕн, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 майданы Гран-при Иван Ярыгин-2020 турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой 11 майданы "Гран-при Иван Ярыгин-2020" турниры

Хуссарирыстойнаг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ архайдтой 2000-2002 ӕзты гуырд спортсменты хсӕн ӕмӕ рамбылдтой ӕртӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майданы.

Пьедесталы уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ схызтысты Джиоты Андрей (65 киг), Джиоты Арсен (79 кг) ӕмӕ Дзӕгъиаты Сослан (92 кг). Дыккаг бынатыл ацыд Бестауты Андрей (125 кг), бронзӕйон майдан та ӕрхаста Цхинвалмӕ Плиты Владик (70 кг).

"Тынг райгонд дӕн мӕ хъомылгӕнинӕгты ралӕудӕй. Нӕ республикӕйы ныры историйы махӕн никуы уыд уыййас хорзӕхтӕ РЦИ-Аланийы фыццагады ӕвзӕнгты хсӕн. Бестауты Андрей дӕр ӕнхъӕлмӕ каст уӕлахизмӕ, фӕлӕ финалон тохы уый фембылд фолтӕй. Кусдзыстӕм рӕдыдтытыл", - радзырдта чемпионты тренер Коцты Тамерлан.

Ног хабӕртты лентӕ
0