Цыппар хӕдтулгӕйы бахъыгдард сты нозтджын шофыры хайадистӕй аварийы Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянФыдауынгӕнджыты уынг
Фыдауынгӕнджыты уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аварийы аххосджыны аластой Хуссар Ирыстоны столицӕйы медицинон центрмӕ

ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Цхинвалы цӕрӕг нозтджынӕй нӕ сырӕхст скъӕрын йӕ хӕдтулгӕ "ВАЗ-2109" ӕмӕ сӕмбӕлд "Mitsubishi Pajero"-йыл, кӕцыйыл скъӕрдта горӕты 38-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг.

Цхинвалы центры дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлд бахауд видеойы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы центры дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлд бахауд видеойы

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй нозтджын шофыр скъӕрдта Фыдауынгӕнджыты уынгыл. Фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты ноджы дыууӕ хӕдтулгӕйы, кӕцытӕ урӕд уыдысты фӕндаггӕрон.

"ВАЗ-2109" хӕдтулгӕйы шофыры аластой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ. Хӕдтулгӕтӕ бахъыгдард сты", - фехъусын кодтой МХМ.

© Фото очевидцаФТЦ Цхинвалы
Цыппар хӕдтулгӕйы бахъыгдард сты нозтджын шофыры хайадистӕй аварийы Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
ФТЦ Цхинвалы

Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, аварийы аххосджын кӕй уыд нозтджын. Цауы фӕдыл уагъд цӕуы басгӕрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0