Хуссар Иры МХМ загътой сӕ хъуыды кусджыты мыздтӕй фӕурӕды уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны МХМ баныфсӕвӕрдтой, ӕхцайы фӕрӕзтӕ ӕнӕмӕнг кӕй бафиддзысты уагдоны алкӕцы кусӕгӕн дӕр

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik, Хъуылымбегты Елена. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджыты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, 2020 азы фыццаг мызд кӕй уыд къаддӕр, кӕд ӕмӕ сын хъуамӕ фӕфылдӕр уыдаид сӕ мызд.

УФ хицауад ӕркӕсдзӕн Хуссар Иры МХМ кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фарстмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ хицауад ӕркӕсдзӕн Хуссар Иры МХМ кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фарстмӕ

Уый фӕдыл хъаугъатӕ фӕзынд социалон хызӕгты хуссарирыстойнаг сегменты. Уавӕр сбӕрӕг кӕныны фӕдыл Sputnik бадзырдта республикӕйы МХМ-мӕ.

2017 азӕй фӕстӕмӕ республикӕйы барадхъахъхъӕнджыты мыздтӕ фылдӕр кодтой фӕрӕзты руаджы, кӕцытӕ рахицӕн кодта Уӕрӕсе бадзырдмӕ гӕсгӕ, кӕцы бафыстой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ интаграцийы бадзырды фӕлгӕтты.

Республикӕйы МХМ радзырдтой, фарон аз декабры алкӕцы кусӕгӕн дӕр кӕй фехъусын кодтой ӕмӕ лӕмбынӕгӕй радзырдтой, январы мызды хай кӕй фӕуромдзысты, бадзырды ӕмгъуыд 31 декабры 2019 азы кӕй фӕцис ӕмӕ йӕ адард кӕныны документ нырма кӕй нӕ бафыстой, уый фӕдыл.

"Мах декабры ӕрӕмбырд кодтам дӕлхайӕдты разамонджыты ӕмӕ сын бамбарын кодтам уавӕр. Рабадты докладтӕм гӕсгӕ, кусджыты иууылдӕр бамбӕрстой уавӕр", - радзырдта министры хӕдивӕг Марданты Спартак.

Афтӕ ма министры хӕдивӕг радзырдта, мыздты ӕхцайы фӕрӕзтӕ кӕй нӕ аппӕрстой ӕндӕр организацийы хыгъдмӕ, уымӕн ӕмӕ уый нӕй гӕнӕн саразын. Марданты Спартак банысан кодта, алкӕцы соммӕ дӕр сӕ цӕст кӕй дарынц Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы финансты министрадтӕ. Республикӕйы МХМ нывӕзтон басгӕрсттӕ ацӕуынц дыууӕ хатт азы, уым хайад исынц Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады минӕвӕрттӕ.

© Sputnik / Елена КулумбеговаМХМ финансон-экономикон хайады хистӕр Коцты Эльбрус
Хуссар Иры МХМ загътой сӕ хъуыды кусджыты мыздтӕй фӕурӕды уавӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ финансон-экономикон хайады хистӕр Коцты Эльбрус

МХМ финансон-экономикон хайады хистӕр, милицийы булкъон Коцты Эльбрус радзырдта, кусджытӕн кӕй бафиддзысты сӕ мыздты иннӕ хай дӕр секторалон бадзырд бафыссыны фӕстӕ.

"Кусджытӕ ӕнӕмӕнг райсдзысты суммӕйы хай, кӕцы уыдон нӕ райстой ацы мӕй, афтӕ ма уыдон райсдзысты фылдӕр мызд дӕр", - бахахх кодта Коцты Эльбрус.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы МХМ-имӕ иумӕ цы документ сарӕзтой Бадзырд адарддӕр кӕныны фӕдыл, уый бавдыстой Уӕрӕсейы Федерацийы хицауадмӕ, цӕмӕй ӕркӕсой йӕ бафыссыны фарстмӕ.

Марданты Спартак бафтыдта, бадзырд бафыссын цымыдис кӕны ӕрмӕст хуссарирыстойнаг фарсы нӕ, фӕлӕ ма сӕ коллегӕты дӕр Уӕрӕсейӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0