Транскам сӕхгӕдтой митуард ӕмӕ зӕйты ӕрцыдӕй тасы тыххӕй – УУМ

© Пресс-служба МЧС РЮОТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕмӕ РЦИ-Аланийы хӕххон районты нырма дӕр ис ӕвзӕр боныгъӕд, уый фӕдыл Транскам сӕхгӕдтой майрӕмбоны райсом

ЦХИНВАЛ, 7 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль сӕхгӕдтой 10.30 сахатӕй фӕстӕмӕ майрӕмбоны зӕйты ӕрцыдӕй тасы тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

"10.30 сахатӕй фӕстӕмӕ Транскавказаг автомагистралы змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой тыхджын митуард ӕмӕ зӕйты ӕрцыдӕй тасы тыххӕй. Фӕндагон змӕлды хайадисджыты ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны нысанӕн фӕндаг ӕхгӕд уыдзӕн сӕрмагонд барамынды онг", - фехъусын кодтой уагдоны.

Цӕгат Ирыстоны хӕхты ис зӕйты ӕрцыдӕй тас, бафӕдзӕхстой цӕгатирыстойнаг уӕлвӕткон уагдоны.

Транскавказаг автомагистраль цӕуы хӕххон бынӕттыл ӕмӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы бӕтты Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0