Хуссар Ир ис дыккаг бынаты Европæйы æртаг АИ-95 ныллæг аргъæй

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир ис дыккаг бынаты Европæйы æртаг АИ-95 ныллæг аргъæй
Хуссар Ир ис дыккаг бынаты Европæйы æртаг АИ-95 ныллæг аргъæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртаджы ацы хуызы аргъ Хуссар Ирыстоны у Казахстанæй зынаргъдæр, фæлæ Уæрæсейæ та асламдæр

ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik.Хъуылымбегты Азæмæт. Хуссар Ир ис дыккаг бынаты Европæйы æртаг АИ-95 ныллæг аргъæй

Агентад РИА "Рейтинг" ауагъта Европæйы æртаджы аргъы иртæстытæ. Мадзалы архайæг бæстæтæй æртаджы аргъ иууыл къаддæр схуыдтой Казахстаны, уым уæрæсейаг æхцайæ иу литр АИ-95 лæууы 27,7 сомы.

УФ хицауады бæстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсе фæхуымæтæгдæр кæндзæн Хуссар Ирмæ æртаджы æрбаласты уавæртæ

Дыккаг бынаты ис Уæрæсе, уым ацы æртаджы аргъ лæууы 45,8 сом. Ацы иртæстыты нæй Хуссар Ир бæрæггæнæнтæ, науæд уыдаид дыккаг бынаты. Республикæйы ацы æртаджы аргъ у 41-42 сомы, уый ныма ис æрмæст хисæрмагонд æртагкæнæн станцты.

"Югосетнефтепродукт"-ы хситæр Джыгкайты Сослан радзырта Sputnik, паддзахадон куыстаут нырма нæ уæй кæны ацы хуыз æртаг.

"Бадзырд сарæзтам нырма ивгъуыд мæйы,уымæ гæсгæ нырма не ʻрластам 95-æм æртаг. Йæ аргъ йын сфидар кæндзыстæм экономикон райрæзты министрадимæ, гæнæн ис æмæ йæ аргъ уа хисæрмагонд станцтæй къаддæр", - загъта Джыгкайты Сослан.

Хуссар Ирыстоны æртаджы аргъ Уæрæсейæ къаддæр уымæн у æмæ дыууæ бæстæйы хсæн ис æхсæнхицауадон бадзырд, кæцыйы фæлгæтты Хуссар Ирымæ æртаг ласт цæуы æнæ таможнæйон фиддонтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0